Эннио Бордато: Беслӕны урокӕн ферох гӕнӕн нӕй

© Sputnik / Михаил Мордасов /  Ахизын медиабанкмæМонумент "Древо скорби" в Беслане
Монумент Древо скорби в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццӕгӕм скъолайы терактыл 12 азы сӕххӕсты бонмӕ Sputnik Итали аныхас кодта Эннио Бордатоимӕ (Ennio Bordato) — Беслӕны цытджын ӕмбӕстаг ӕмӕ ассоциаци "Баххуыс нын кӕнут сывӕллӕтты фервӕзын кӕнын"-ы президентимӕ.

Рацыд 12 азы, фӕлӕ рис нӕ дӕтты ферох кӕнын иууыл ӕбуалгъдӕр террористон атакӕ, кӕцыйы нысан уыдысты сывӕллӕттӕ. 2004 азы 1 сентябрь ссис адзалы бон 186 сывӕллонӕн, фӕлӕ ацы 12 азы мидӕг ныгуылӕйнаг массон информацийы фӕрӕзтӕй кӕцыдӕртӕ раст кодтой террористты ӕмӕ сӕ хуыдтой "партизантӕ" ӕмӕ "растӕгтӕ".

Ассоциаци "Баххуыс нын кӕнут сывӕллӕтты фервӕзын кӕнын" райдыдта йӕ куыст трагеди ӕрцӕуыны фӕстӕ ӕмӕ Дын ныры онг дӕр ис бастдзинад Беслӕнимӕ. Радзур нын ассоциацийы куысты тыххӕй.

— 2004 азы 4 сентябры мах ӕрцыдыстӕм Мӕскуымӕ ӕмӕ сарӕзтам бастдзинад Беслӕнимӕ, Мӕскуыйы онкогематологийы хайады чысыл пациенттӕй иуы мады уылты. Автономон провинци Трентойы (Provincia autonoma di Trento) хицауады фӕрцы мах райдыдтам ног проект: дыууӕ мӕйы ӕмгъуыдмӕ ӕркодтам Италимӕ Беслӕнӕй 33 сывӕллон ӕмӕ 30 хистӕр кары ӕдӕймаджы.

Уый фӕстӕ райдыдтой вазыгджындӕр мадзӕлттӕ: 2005-2010 азты Беслӕны куыста психологты командӕ Падуяйы Университетӕй (Università di Padova). Ацы проект фӕцис 1000 DVD диск рауадзынӕй фӕстравматикон стрессон уавӕрыл фӕтых кӕныны рекомендацитимӕ. Мах ныр дӕр нӕ рох кӕнӕм нӕ куыст, ис нын бастдзинад горӕты администрациимӕ ӕмӕ уӕлдайдӕр уыцы адӕмимӕ, кӕцыты нӕхимӕ райстам Трентойы.

— Ахсджиаг у ма ферох кӕнын ӕрмӕст фӕмардуӕвджыты нӕ, фӕлӕ удӕгасӕй чи аирвӕзт, уыдон тыххӕй дӕр. Ахӕм цауты фӕстиуӕгӕн райсгӕ моралон рис баззайы адӕймагимӕ кӕд мыггагмӕ нӕ, уӕддӕр бирӕ рӕстӕг.

— Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы фыдракӕндмӕ хъӕуы ӕркӕсын уӕрӕхдӕр цӕстӕнгасӕй, цӕмӕй йын бамбарӕм йӕ нысаниуӕг. Беслӕны цы ӕрцыд, уый уыд фыццаг къахдзӕф абон мах Исламаг Паддзахад (ИП) цы хонӕм, уымӕ. Дзырд цӕуы пысылмӕтты растын кӕныныл чырыстон адӕмы ныхмӕ тохмӕ ӕмӕ Уӕрӕсе нымайын сӕйраг знагыл. Беслӕны теракт уыд, бӕстӕйы мидӕг цы проблемон регион ис, уый сабыр цард фехалыны фӕлвӕрд. Историкон, этникон ӕмӕ динон цӕстӕнгасӕй, Кавказ кӕдфӕнды дӕр уыд вазыгджын зонӕ.

— Беслӕны трагеди абон у тынг актуалон ӕмӕ джихадисттӕ дарддӕр дӕр ӕххӕст кӕнынц сӕ фыдракӕндон архайд Сирийы, Европӕйы.

— Афтӕ мӕм кӕсы, нырма дӕр 2004 азы 31 август кӕй у. Беслӕны цауты тыххӕй Ныгуылӕны нал дзурынц ныр цалдӕр азы. Нӕ дзурынц трагедийыл, кӕцыйы рӕстӕджы фӕмард сты 334 адӕймаджы — уыдонӕй 186 сывӕллоны.

— Францы ӕмӕ Европӕйы терактты фӕстӕ фенӕн уыд солидарондзинадӕн куыд ӕхсӕнады, афтӕ МИФ-ты ӕрдыгӕй. Фӕлӕ Беслӕны трагедийыл та Ныгуылӕнӕн уыд бынтон ӕндӕр реакци: уыд афтӕ ӕмӕ ӕхсӕнад ӕмӕ массон информацийы фӕрӕзтӕй кӕцыдӕртӕ раст кодтой террористты ӕмӕ сӕ хуыдтой "растӕгтӕ". Цӕмӕн ис ахӕм ӕндӕргъуызон ахаст?

— Уымӕн ӕмӕ уӕд теракты нысан уыд Уӕрӕсе. Ныр Сирийы рӕстӕмбис террористтӕ ис, зӕгъгӕ, куыд дзурынц, уӕд дӕр уавӕр равдыстой афтӕ ӕмӕ скъолайы сывӕллӕтты марджыты рахуыдтой ӕнӕаххосджынтӕ.

Ныры онг дӕр нӕм ис амӕттӕгтӕ "А сери" ӕмӕ "Б сери"-тӕй. Уый у тыхджын стыр рӕдыд, кӕцыйы тыххӕй мах стыр аргъ бафиддзыстӕм фидӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0