Цхинвал—Степанакерт: бастдзинæдтæ кæндзысты æрмæстдæр фидар

© Sputnik / Каро Саакян /  Ахизын медиабанкмæПрезидент Республики Арцах Бако Саакян
Президент Республики Арцах Бако Саакян - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий майрæмбоны бахиздзæн Хуссар Ирыстоны президенты бынатмæ. Инаугурацийы агъоммæ Хæххон Карабахы сæргълæууæг Бако Саакян Информацион агентад æмæ радио Sputnik Хуссар Ирыстонæн радзырдта, куыд арæзт цæудзысты ахастытæ дыууæ республикæты æхсæн, кæцытæ банымадтой кæрæдзи хæдбардзинад

— Бако Саакы фырт, 21 апрелы Хуссар Ирыстоны ног президент Бибылты Анатолий бахиздзæн йæ бынатмæ. Дарддæр куыд рæздзысты Хуссар Ирыстон æмæ Арцахы æхсæн ахастытæ?

— Ӕз официалонæй раарфæ кодтон Анатолий Ильяйы фыртæн Республикæ Хуссар Ирыстон — Паддзахад Аланийы президенты æвзæрстыты фæуæлахизы фæдыл. Бибылты Анатолийы хисæрмагонд миниуджытæ, рацæугæ фæндаг, зонындзинæдтæ æмæ стыр фæлтæрддзинад, æнæдызæрдыг дæн, ахъаз уыдзысты æфсымæрон Хуссар Ирыстоны размæцыдæн, нæ бæстæты æхсæн бастдзинæдтæ та кæндзысты фидардæр æмæ уæрæхдæр.

— Дæхицæн нæ уыдзæн фадат инаугурацийы хайад райсын, фæлæ Дæ цæст цы бауарзид Хуссар Ирыстоны адæмæн æмæ равзаргæ президентæн?

— Республикæ Арцахы делегаци алыхатдæр райсы хайад цытджын мадзæлтты, кæцытæ уагъд æрцæуынц Хуссар Ирыстоны. Уæлвæтк нæу Бибылты Анатоийы инаугураци дæр. Анатолий Ильяйы фырт æмæ æфсымæрон хуссарирыстойнаг адæмæн мæ зæрдæ æмæ æппæт Арцахы цæрджыты зæрдæ зæгъы сабырад, дидинæфтыд, амонд æмæ æппæты хуыздæр фæндиæгтæ.

— Хæххон Карабах æмæ Хуссар Ирыстоны ʻхсæн бафыстæуыд къорд бадзырды. Ис ног бадзырдтæ бафыссыны фæнд?

— Банысан кæнын хъæуы, нæ дыууæ бæстæйы æмахастытæ стабилон æгъдауæй размæ кæй цæуынц, фæлæ сæ размæцыд бадзырдтимæ баст нæу. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, бадзырдон бындурæн æхсæнпаддзахадон бастдзинæдты ис стыр нысаниуæг. Бадзырдтæ дæр фыст цæудзысты, рæстæг куыд дома, афтæ.

— Уæ республикæйы уавæр куыд у?

— Арцахы уавæр у стабилон. Активонæй цæуы паддзахадон арæзтады куыст, размæ цæуы экономикæ, республикæ бонæй-бонмæ рæсугъддæр кæны. Æппæт уыдон нын æнтысы Азербайджаны æппынæдзух агрессимæ æнæкæсгæйæ, кæцытæ не 'мбæхсынц сæ бабырстон фæндтæ. Фидæны плæнттыл дзургæйæ мæ банысан фæнды, сæйраг нын кæй у хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад сфидар кæнын, хæдбар паддзахады райрæзт, хæларадон бæстæтимæ бастдзинæдтæ райтынг кæнын æмæ адæмы цард фæхуыздæр кæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0