Хуссар Ирыстоны ис иу алæмæттаг бынат чысыл цæрджытæн — Дменисы хъæуы сабидон. Уый эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2015 азы 13 марты — ахæм уагдон Дменисы нæ уыд 1993 азæй. Ам у сыгъдæг æмæ райдзаст. Ис сын сæхи къæбиц æмæ æхсæнуат. Хъомылгæнджыты тыхтæй сабитæ сты алыварсонæй размæцыд: уыдон цайдагъ кæнынц кæфтытæ, вокал, нывкæнынад æмæ актерон дæсниадыл.