Цхинвайлаг армхæцджыты æнтысты кадртæ Уæрæсейы

Рафыссын
Ирон спортсменты хæзнадоны ис æртæ аргъы майдантæ дæр. Бакæсут видеокадрты Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Арсены тох майдантыл

Цхинвайлаг æрмхæцджытæ Гасситы Сослан, Дыгъуызты Милена, Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Арсен расгуыхтысты Уæрæсейы фыццагады армспортæй.

Гасситы Сослан æмæ Дыгъуызты Милена армспорты сты фæлтæрддæр спортсментæ, фæлæ Хæбæлаты Арсен æмæ Плиты Батрадз фыццаг бынæттæ райдытой исын 2016 азы кæронæй фæстæмæ.

2018 азы Уæрæсейы фыццагады Плиты Батрадз райста иумæйаг хыгъды дыккаг бынат, галиу къухæй дыккаг бынат бацахсгæйæ, æртыккаг та рахисæй.

Сæ тренер Джиоты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, Хæбæлаты Арсенæн йæ архайд фæцъæмæл чысыл травмæйы аххосæй, уый хыгъд галиу къухæй ссис æрмæст цыппæрæм, уымæ гæсгæ кæройнаг хыгъды уый бацахста æрмæстдæр æртыккаг бынат.

Хæбæлаты Арсен у Уæрæсейы фыццагды 2016 азы уæлахиздзау, 2017 азы рамбылдта æвзист майдан, цыппæрæм ссис Европæйы чемпионаты ивгъуыд азы.

Плиты Батрадз фарон рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист æмæ уый фæстæ та Европæйы ссис цыппæрæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0