Цӕгат Ирыстоны ӕмбырд кӕнынц ӕххуыс Донбассы сывӕллӕттӕн

© Sputnik / Ирина Геращенко /  Ахизын медиабанкмæДонецкаг сывӕллон
Донецкаг сывӕллон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалы организатор у хӕрзаудӕн фонд "Достоинство" фонд "Рука милосердия"-имӕ иумӕ

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны уагъд цӕуы хӕрзаудӕн акци "Разделим боль детских сердец!" Донбассы сывӕллӕттӕн, хъусын кӕны 15 регион.

Цæгат Ирыстон арвыста гуманитарон æххуыс Донбассы сывæллæттæн

Ӕрӕмбырдгонд гуманитарон ӕххуыс лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сывӕллӕтты хӕдзӕрттӕм, бирӕсывӕллонджы бинонты сывӕллӕттӕн, ӕхстыты фӕстиуӕгӕн сӕ цӕрӕнуӕттӕ, цы бинонтӕ фесӕфтой, уыдонӕн; ӕхца кусыны фадат чи фесӕфта, ӕмӕ сӕ хӕдзардарӕг цы бинонтӕй фӕхъуыд, ахӕм бинонтӕн.

Фонд "Достоинство"-йы дзырдӕуы, "ист кӕй цӕуы цыфӕнды ӕххуыс дӕр зӕрдӕхӕлар адӕмӕй".

"Донбассмӕ балцы фӕстӕ арӕзт ӕрцыд ӕнӕмӕнгхъӕуӕг дзаумӕттӕ ӕмӕ продуктты номхыгъд. Уырдӕм бацыдысты хӕлцы продукттӕ, сывӕллӕтты ӕмӕ хистӕр кары адӕмы дарӕс, хуыссӕнгӕрзтӕ, канцыларон дзаумӕттӕ", — дзырдӕуы фонды сайтыл.

Акци Цӕгат Ирыстоны фыццаг хатт нӕ цӕуы уагъд. Раздӕр фонд "Достоинство"-йы президент Эдуард Вартанов арвыста фыстӕг Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы номыл, цы ран загъта бузныг ивгъуыд азы кӕрон Луганскы ӕмӕ Донецкы адӕмон республикӕты сывӕллӕттӕн ӕххуысӕн цы хӕрзаудӕн акци ауагътой, уый тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0