Цæгат Ирыстоны сараздзысты "Футболы академи"

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæФК "Алани"
ФК Алани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Академи æрцæудзæн арæзт футболон клуб "Алани"-йы раздæры базæйы, спортивон уагдоны финанскæнынад цæудзæн Цæгат Ирыстоны бюджетæй æмæ æнæбюджетон субсидитæй.

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны арæзт æрцæудзæн паддзахадон автономон уагдон "Футболы академи". Уый тыххæй фехъусын кодтой дыццæджы республикон хицауады радон æмбырдыл.

Игрок ЦСКА Алан Дзагоев на тренировке ПФК ЦСКА на базе в Ватутинках - Sputnik Хуссар Ирыстон
Футболы тренертæ Цæгат Ирыстонæй ацæудзысты стажировкæмæ ӔЦСК-мæ

Спорты министр Бæройты Хасаны ныхæстæм гæсгæ, ахæм къахдзæф ратдзæн уæлæмхас стимул футболы райрæзтæн.

"Цæгат Ирыстоны футболон академийы сырæзт ратдзæн фадат нæ республикæйы футболы традицитæ бахъхъахъхъæнын, бæрзонд æмвæзады спортсменты цæттæ кæнын, афтæ ма футбол уарзджыты интересты фарс балæууын", — банысан кодта уый.

Спортивон уагдоны финанскæнынад цæудзæн Цæгат Ирыстоны бюджетæй æмæ æнæбюджетон субсидитæй.

Академи æрбынат кæндзæн футболон клуб "Алани"-йы раздæры базæйы. Базæйы реконструкци 2013 азы æргътæм гæсгæ слæудзæн 136 млн сомы. Ныртæккæ сметæмæ бахаст æрцæудзысты ивындзинæдтæ. Академийы арæзт æрцæудзысты уавæртæ Цæгат Ирыстоны æппæт районты сывæллæтты цæрынæн æмæ тренировкæ кæнынæн. Уымæй дарддæр ма ам цæттæ кæндзысты резерв футболон клуб "Спартак-Дзæуджыхъæу"-æн.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0