Гасситы Знауыр: Хуссар Ирыстоны æнустæм баззайдзæн Виталий Чуркины ном

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Виталий Чуркины рухс номæн нывонд конференци
Виталий Чуркины рухс номæн нывонд конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы раныхас кодта зындгонд уæрæсейаг дипламат Виталий Чуркины рухс номæн нывонд конференцийы

ЦХИНВАЛ, 20 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цæрджытæ стыр цытимæ дардзысты сæ зæрдыл уæрæсейаг дипломат Виталий Чуркины рухс ном, кæцыйы цард æнæхъæнæй у Фыдыбæстæмæ уарзондзинады ирд дæнцæг, загъта РХИ минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр, Иугонд нациты организацийы Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕварæн нывонд конференцийы.

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Виталий Чуркины рухс номæн нывонд конференци
Конференция в Москве памяти Виталия Чуркина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Виталий Чуркины рухс номæн нывонд конференци

Зынгæ уӕрӕсейаг дипломат йӕ цардӕй ахицӕн йӕ куысты уӕлхъус 20 февралы, йӕ 65 азы юбилейӕ иу бон раздӕр. Виталий Чуркин дипломатон куыст кодта 1974 азӕй фӕстӕмӕ, 2006 азӕй уыд Уӕрӕсейы ӕххӕстбарджын минӕвар Иугонд нациты организацийы. Дыццæджы Мæскуыйы ацыд Виталий Чуркины ном арæн конференци, йæ куысты хайад райста Гасситы Знауыр дæр.

"Уыцы трагикон бонты, рис æмæ хъизæмæртты бын куы фæцис нæ бæстæ, куы мардысты Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ уæрæсейаг фидауынгæнджытæ, уæд ирон адæмы скаст уыд цæгатмæ, æфсымæрон Уæрæсемæ, егъау бæстæйы ахсджиаг æмæ ныфсджын ныхасмæ. Ӕмæ ацы ныхас райхъуыст Виталий Иваны фырты дзыхæй", — хъусын кæны РХИ минæвары ныхæстæ дипломатон уадоны пресс-службæ.

Гасситы Знауыр банысан кодта, уæрæсейаг дипломаты æнæрæстæджы фæзианыл Цхинвалы кæй сæмбæлдысты куыд намысджын, ныфсджын æмæ куырыхон профессионалы ацыдыл.

Чуркины идӕдзӕн радтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр хорзӕх – орден Уацамонгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чуркины идӕдзӕн радтой Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр хорзӕх – орден Уацамонгӕ

"Куыд бæрзонд эрудицийы адæймаг, афтæ Виталий Иваны фырт зыдта, кæй тох кæны ахæм адæмы сæрыл, кæцы æрцыд æнусты арфадæй, егъау алайнаг цивилизацийы замантæй, кæцы фыдæлты фæндонмæ гæсгæ сбаста йæ хъысмæт бирæнационалон Уæрæсеимæ. Зыдта уый дæр, æмæ историйы цæхгæр фæзилæнты – уырыссаг-туркаг хæстыты, уырыссаг-япойнаг хæсты, фыццаг дунейон æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æзты – ирон адæмы чызджытæ æмæ лæппутæ хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой нæ иумæйаг Фыдыбæстæ", — бахахх кодта Гасситы Знауыр.

Йе стыр лæггæдты тыххæй ирон паддзахад æмæ ирон адæмы раз Виталий Иваны фырт Чуркинæн йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны уæлдæр æфсæддон хорзæх — Орден Уацамонгæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0