Бибылты Анатолий Ираны теракты тыххӕй: Хуссар Ир карзӕй у терроризмы ныхмӕ

© AFP 2022 / Alireza Mohammadi/ISNAИран, Ахваз
Иран, Ахваз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирайнаг горӕт Ахвазы теракты амӕттӕгтӕ баисты 28 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта ирайнаг коллегӕ Хасан Роуханийӕн Ахвазы ӕфсӕддон парады рӕстӕджы теракты фӕдыл, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Мах карзӕй стӕм терроризмы ныхмӕ ӕмӕ зонӕм, кӕй хъӕуы йӕ ныхмӕ тох кӕнын. Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ адӕмы номӕй, кӕцы баст у Ираны адӕмимӕ уӕрӕх историко-культурон уидӕгтӕй, тӕфӕрфӕс кӕнын теракты амӕттӕгты бинонтӕн", — дзырдӕуы телы.

Ирайнаг горӕт Ахвазы теракт ӕрцыд сабаты райсом ӕфсӕддон парады рӕстӕджы. Теракты амӕттӕгты нымӕц у 28 адӕймаджы, 60 та фесты цӕфтӕ. IRNA агентад фехъусын кодта, зӕгъгӕ, теракты фӕдыл бӕрн йӕхимӕ райста къорд "Патриотическое арабское демократическое движение в Ахвазе", кӕцыйӕн ис бастдзинӕдтӕ Саудон Аравиимӕ.

Ираны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад фехъусын кодта, теракты фӕдыл бӕрн кӕй ис терроризмы регионалон армдарджытыл ӕмӕ сӕ америкайаг инструктортыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0