Гæджиты Асланы къорды уæнгæн Дзæуджыхъæуы радтой 17 азы карз режимы

© КоммерсантъАртур Джиоты (Сынок)
Артур Джиоты (Сынок) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæджиты Асланы фыдгæнон къорды активон уæнгæн тæрхон рахастой уголовон кодексы цалдæр статьямæ гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 24 янв - Sputnik. Криминалон асторитет Гæджиты Асланы фыдгæнон къорды уæнг Джиоты Артурæн (Сынок) Дзæуджыхъæуы Советон районон тæрхондон аскъуыддзаг кодта 17 азы карз режимы фæбадын, хъусын кæны "Коммерсантъ".

Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ

Джиоты Артур азымджын æрцыд фыдгæнон къорды сконды архайды æмæ лæгмардты. Уый киллертæн дæтта амарыны тыххæй Гæджиты Асланы прикæзтæ, афтæ ма йæхæдæг дæр организаци кодта æмæ  хайад иста адæмы марыны фыдракæндты.

Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй Джиоты Артуры тæрхон кæронбæттæнон нæу - нырма уал æркастытсты æрмæстдæр йæ фыдракæндты иу хаймæ.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, Джиоты Артур фыдгæнон къордмæ бацыд 2004 азы. Уый 2014 азы февралы лæвæрд æрцыд æхсæнадæмон агуырдмæ, апрелы йæ æрцахстой Грецийы, горæт Салоникийы. 2018 азы уый экстрадицигонд æрцыд Уæрæсемæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0