Мӕскуыйы бадзырдтой РХИ ӕмӕ УФ фӕдзӕхстон бадзырды финансон ифтонгадыл

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ
РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы столицӕйы цы протокол бафыстой, уый бӕрӕг кӕны ныры финансон ифтонгад медицинон фӕдзӕхсты бадзырды пункттӕн, кӕцы бафыстой бӕстӕты ӕхсӕн 2017 азы

ЦХИНВАЛ, 7 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадтӕ Мӕскуыйы бафыстой уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты медицинон фӕдзӕхсты бадзырды протокол 2019 азы финансон ифтонгады фӕдыл, хъусын кӕны РХИ минӕварады пресс-службӕ.

Государственные флаги РЮО и РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсе бафысдзысты бадзырд медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл

Протокол цыппӕрӕмы бафыстой Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Дмитрий Костенников.

"Протокол бӕрӕг кӕны 2019 азы финансон ифтонгады пункттӕн, кӕцыты равдыстой РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕн медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл бадзырды", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы актуалон фарстытыл, сӕйраджыдӕр, РХИ инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.

Медицинон фӕдзӕхсты фӕдыл бадзырд бафыстой дыууӕ паддзахады хсӕн 2017 азы 14 ноябры Мӕскуыйы. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы иудадзыг цӕрынц Уӕрӕсейы Федерацийы 45 мин ӕмбӕстагӕй фылдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0