Хуссар Иры цæуынц Беслæны амæттæгты номарæн панихидæтæ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Иры цæуынц Беслæны амæттæгты номарæн панихидæтæ
Хуссар Иры цæуынц Беслæны амæттæгты номарæн панихидæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Алайнаг епархийы сæйраг аргъуаны дыккæгæм сентябрæй æрвыл бон цæуынц мардмысæн скуывдтæ

ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархийы Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны уадзынц панихидæтæ Беслæны трагедийы амæттæгты номарынæн, фехъусын кодта Sputnik динамонæг фыд Иаков (Хетæгкаты).

Ацы бонты Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты мысынц 15 азы размæ Беслæны æрцæугæ трагедийы амæттæгты. Хуссары, стæй йæ фæстæ та Цæгаты дæр, Беслæны æрцæугæ бæллæхты тыххæй ахастой Зонындзинæдты бæрæгбон.

Уæрæсейаг журналист систа киноныв Беслæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Беслæн": Уæрæсейаг журналист систа киноныв терактыл

"Мах мысæм Беслæны трагедийы хъизæмаргæнджыты. Беслæны скъолайы нæ хотæ æмæ не ʻфсымæртæй знаджы къухæй чи амард, уыдон мысæм ацы æртæ бон. Уыдонимæ иумæ ма ссарæм фæстаг æзты Хуссар Иры бæллæхты чи фæзиан ис, уыдон рухс нæмттæ, сæ нымæцы Зары, Ереды трагедиты æмæ хæсты амæттæгтæ", - банысан кодта динамонæг.

2004 азы 1 сентябры террористтӕ систой амынӕты 1128 адӕймаджы ӕмӕ сӕ дардтой скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны. Трагедийы фӕстиуӕгӕн фӕмард 334 адӕймаджы. Фыдохы мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы горӕтты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0