"Хӕдзар, кӕцыйы ӕз цӕрын": Мӕскуыйы ацӕудзӕн Абысалты Юрийы равдыст

© Sputnik / Анна КабисоваАбысалты Юрий
Абысалты Юрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны нырыккон аивады ирддӕр минӕвӕрттӕй иуы кӕцыдӕр куыстытӕ адӕмы размӕ рахӕсдзысты фыццаг хатт

ЦХИНВАЛ, 21 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы Мӕскуыйы ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг, Уӕрӕсейы сгъуыхт нывгӕнӕг, Уӕрӕсейаг аивӕдты академийы уӕнг-корреспондент Абысалты Юрийы куыстыты равдыст, хъусын кӕны Мӕскуыйаг ирон ӕхсӕнады пресс-службӕ.

Кацты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мӕскуыйы ацӕудзӕн хуссарирыстойнаг нывгӕнӕг Кацты Вадимы равдыст

Равдыст "Хӕдзар, кӕцыйы ӕз цӕрын..."байгом уыдзӕн 25 октябры. Уазджытӕ фендзысты нывгӕнӕджы 25 куысты, кӕцытӕ уый ныффыста фӕстаг ӕзты.

"Ирыстоны нырыккон аивады ирддӕр минӕвӕрттӕй иуы кӕцыдӕр куыстытӕ адӕмы размӕ рахӕсдзысты фыццаг хатт. Равдыст адарддӕр уыдзӕн 17 ноябры онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Абысалты Юрий у ӕппӕтуӕрӕсейон регионалон ӕмӕ фӕсарӕйнаг равдыстты архайӕг, ӕхсӕнадӕмон аивадон салонтӕ ӕмӕ армукъаты хайадисӕг. Нывгӕнӕджы персоналон равдысттӕ ацыдысты Франци, АИШ, Швейцарийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0