Фыццаг премьерæ æмæ æндæр актертæ: театр равдисдзæн ног аргъау

© Sputnik / Фатима ПлиеваПремьера сказки "Лев Васька"
Премьера сказки Лев Васька - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равдыст сæвæрдта æвзонг режиссер Хъотайты Сæрмæт Павел Морозовы пьесæ "Лев Васька"-мæ гæсгæ

ЦХИНВАЛ, 14 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры паддзахадон драмон театры ацы къуыри бавдисдзысты азы фыццаг премьерæ – аргъау "Домбай гæды", фехъусын кодта Sputnik йæ режиссер Хъотайты Сæрмæт.

Режиссер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рагон спектакль "Ӕфсин" ӕрыгон режиссер Хъотайты Сӕрмӕты цӕстӕнгасӕй

Æвзонг режиссер Хъотайты Сæрмæтæн уый у йе 'ртыккаг режиссерон куыст æмæ дыккаг аргъау. Нырмæ уый бацæттæ кодта комеди "Ӕфсин" æмæ аргъау "Тæрхъусы амонд".

Ног аргъауы премьерон равдысттæ ацæудзысты 16-17 январы.

"Аивадон совет хуыцаубоны фæлхаттон æркастæй хорзыл банымадта аргъау æмæ снысан кодта премьерон бонтæ. Равдыстыл куыста иттæг хорз командæ, ис ын диссаджы декорацитæ. Паддзахадон театры сценæйы æппæт фадæттæй не ʻспайда кодтон, цæмæй йæ æндæр сценæтыл æвдисгæйæ рацаразын ма хъæуа", - загъта Хъотайты Сæрмæт.

Аргъауы актерон сконд бавдыстæуыд æхсæз актерæй, уыдонæй дыууæ театры труппæмæ бамбал сты ивгъуыд аз.

"Аргъауы хъазынц дыууæ сгуыхт артисты - Таугазты Дзерассæ æмæ Битеты Милена, актертæ Тедеты Андрей æмæ Цоциты Андрей. Спектаклы архайдзысты театры ног фæлтæр - Гаглойты Эдуард æмæ Уалыты Георгий. Мæ аннæ аргъаумæ абаргæйæ ай у бæрзонддæр æмвæзады куыст æмæ хистæрдæр кары сывæллæттыл нымад", - бафтыдта режиссер.

Аргъау æвæрд æрцыд Павел Морозовы пьесæ "Лев Васька"-мæ гæсгæ. Ирон æвзагмæ йæ раивта Хуссар Ирыстоны адæмон артист, драматург Тъехты Василий.

Ног хабӕртты лентӕ
0