Хуссар Иры студенттæ равдисдзысты "Фатима" Дзæуджыхъæуы фестивалы

© Sputnik / Наталья АйриянТеатр
Театр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спектаклы архайынц Къуылыхты Анна, Бестауты Александр, Мулдарты Александр, Елошвили Георгий æмæ Гæбæраты Индира

ЦХИНВАЛ, 12 мар – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты сфæлдыстадон къорд бавдисдзӕн Хетæгкаты Къостайы поэмæ "Фатима"-мæ гæсгæ спектакль Дзæуджыхъæуы театрты фестиваль "Амыраны рухс 2020"-мæ, фехъусын кодта Sputnik Ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Инга.

Фестиваль ныр арæзт цæуы цыппæрæм хатт. Хуссар Ирæй дзы бавдисдзысты дыууæ спектаклы.

"Фæсивæдон комитеты уылты нæм æрбарвыстой хуынды фыстæг, ректораты бафæндыд, цæмæй дзы райсæм хайад. Поэмæ "Фатима"-йæ скъуыддзаг мах сæвæрдтам æндæраз, ацы аз йæ фæуæрӕхдæр кодтам æмæ нæ фæнды йæ равдисын фестивалы", - загъта декан.

Уый ма бафтыдта, спектаклы архайджытæ кӕй сты ХИПУ-йы студенттæ хицæн факульеттæй.

"Ирон филологийӕ дарддæр ма дзы ис æндæр факультеттæй дæр студенттæ. Бестауты Александр æрлæудзæн Наибы фæлгонцы, Мулдарты Александр Ибрагимы, Елошвили Георгий та у Дзамболат, Косерханы хъазы Гæбæраты Индира. Сæйраг Фатимайы фæлгонц сæххæст кæндзæн Къуылыхты Анна. Равдысты ма хайад исы Ӕлборты Гемиры къухдариуæгадæй университеты кафты ансамбль, уыдон равдисдзысты симд æмæ æнæцудгæ кафт", - ранымадта Тыбылты Инга.

Хуссар Иры фæсивæд хайад райсдзысты фестиваль Амыраны рухс 2020-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæсивæд хайад райсдзысты фестиваль "Амыраны рухс 2020"-ы

Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта, чи сын баххуыс кодта, уыдонæн – ректоратӕн, ССГ къухдариуæггæнæг Джиоты Арианайӕн, Аивæдты лицейы ахуыргæнджытæ Быценты Геннадий æмæ Тедеты Валентинайӕн, Цхинвалы скъола-интернаты директор Тедеты Роландæн.

Хуссар Ирыстонæй ма фестивалы хайад райсдзысты фестиваль "Ожившие картины Коста"-йы уæлахиздзаутæй иу къорд. Равдисдзысты спектакль Къостайы ныв "Хъынцъымгæнæг зæд"-мæ гæсгæ спектакль.

Фестиваль уагъд æрцæудзæн 20-21 марты. Мадзал аразынц Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты фæдыл Комитет æмæ æхсæнадон организаци "Амыран".

Ног хабӕртты лентӕ
0