Хъорнисы кувӕндӕттӕй сӕ иу республикӕйы цӕрджыты хъусдард йӕхимӕ аздӕхта 2011 азы. Уӕд ам ӕрцыд диссаджы хабар. Бӕлдӕрӕнты размӕ хъӕуы цӕрджытӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ сфӕнд кодтой кувӕндоны агъуысты зӕронд цӕджындзтӕ ногтӕм раивын. Цӕджындзтӕ куы алыг кодтой, уӕд лыгы бынӕтты сзындысты иерасулимаг дзуӕрттӕ. Цӕрджытӕ ацы хабар банымадтой диссагыл.
Кувӕндон ис алӕмӕттаг рӕсугъд бынаты, хъӕды астӕу. Ацы банаты кӕддӕр уыд чырыстон амаддзаг, уымӕн ӕвдисӕн сты ацы бынаты археологон къӕхтытӕ.