Ӕртыццӕджы ӕхсӕв Цхинвалы хицӕн районты скодтой ӕртытӕ. Суг, пыхстытӕ ӕмӕ цӕлхыты арты сӕрты фӕсивӕд архайдтой агӕпп кӕнын.
Ирон адæмы рагзамантæй фӕстӕмӕ уырныдта, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ, уый тыххæй-иу Куадзӕны размӕ Ӕртыццӕджы ӕхсӕв банысан кодтой Артгӕнӕнтӕ.
Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта, ныр мадзал организаци кӕнын сӕхимӕ райстой сывӕллӕттӕ. Къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ, кӕцыты сабитӕ къуыри раздӕр райдайынц ӕмбырд кӕнын.

1/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Ирон адæмы уырны, артгæнæнты зынджы кӕй басудзынц фыдбылызтæ æмæ низтæ.

2/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Суг, пыхстытӕ ӕмӕ цӕлхыты арты сӕрты фӕсивӕд ӕмӕ сабитӕ архайдтой агӕпп кӕнын.

3/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Районтӕ ерыс кӕнынц чи стырдӕр арт скӕна, уым

4/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Цхинвалы банысан кодтой Артгæнæнтæ.

5/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Артгæнæнтæм ракодтой чысыл сабиты дӕр

6/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Харебаты Исахъы уынджы цӕрджытӕ

7/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Фыдæлты æгъдау абон чысыл фæцудыдта -къӕцӕлтӕ ӕмӕ сыфтӕрты баивтой хӕдтулгӕты цӕлхытӕ

8/8
© Sputnik / Наталья Айриян
Джиоты Аланы проспектыл арт