Усанеты кувæндон. Дзæнæты къуым Ирыстоны бæрзæндыл

Рафыссын
Цхинвал æмæ Ленингоры районты тæккæ астæу, галиуæрдæм фæзилгæйæ цæхгæр хæрды гакъон-макъон фæндаг хæццæ кæны Ирыстоны рæсугъддæр æмæ алæмæттагдæр бæрзæндтæй сæ иумæ - Усанеты кувæндонмæ. Кувæндон æмæ йæ алыварс территорийы диссаджы нывтæ - Козаты Джульеттайы фотолентæйы

Усанеты кувæндонмæ схизгæйæ цæсты раз байгом вæййы æцæг дзæнæттаг ныв - бæрзонд урссæр хæхты астæу хъæдрæбын æрбынат кодта кувæндон, растдæр зæгъгæйæ, йæ пырхæнтæ. Кæддæры егъау систæ æмæ бæстыхæйттæн ма ныр мæгуырау калдæй лæууынц сæ дуртæ. 

Рагон таурæгъ куыд амоны, афтæмæй-иу æрвылаз дæр Усанеты дзуары боны æввахс хъæуты цæрджытæ стырæй-чысылæй ссыдысты кувæндоны бынмæ сæхи бафæдзæхсынмæ. Уырдæм-иу йæхи къахæй æрбацыд дзуарæн нывонд саг. Фæсивæд-иу æй акусарт кодтой æмæ иу фæминас кодтой. Иу аз саг æрæгмæ цыд кувæндоны цурмæ, адæм бадтысты æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæддæр-кæддæр саг дæр фæзынд. Уæд æнхъæлмæкæсджытæй иу налат нозтджын нæлгоймаг саджы рацахста æмæ йын ралыг кодта йе 'взаг, зæгъгæ, цæмæ ныффæстиат кодтай. Уæдæй абоны онг нывонд саг никуыуал фæзынд кувæндоны бын. Цхинвалы районы Гром æмæ Гореты хъæуты ацæргæ цæрджытæ фидарæй дзурынц, уый æрымысгæ хабар кæй нæу, зæгъгæ, саг иу æцæгдæр æрцыд Усанеты бынмæ йæ боны.

Хабарæн ма æвдисæнтæй кувæндоны пырхæнты ныр дæр сæ сæрмагонд бынæтты æвæрд сты саджы сыкъатæ.

© Джульетта КозаеваУсанеты кувæндонмæ фæндаг цæуы тар хъæды астæуты. Рог хæдтулгæйыл бæлцæтты бахъæудзæн æрдæгфæндагæй раздæхын - зынвадат хæххон фæндагыл схиздзæн æрмæстдæр стæм машинæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/16
Усанеты кувæндонмæ фæндаг цæуы тар хъæды астæуты. Рог хæдтулгæйыл бæлцæтты бахъæудзæн æрдæгфæндагæй раздæхын - зынвадат хæххон фæндагыл схиздзæн æрмæстдæр стæм машинæ.
© Джульетта КозаеваФæндагамонджытæ ракæнынц иу стыр бæласы кой дæр - уый цурты хъуамæ рахисæрдæм фæзилай æмæ ахæрд кæнай хохмæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/16
Фæндагамонджытæ ракæнынц иу стыр бæласы кой дæр - уый цурты хъуамæ рахисæрдæм фæзилай æмæ ахæрд кæнай хохмæ.
© Джульетта КозаеваУсанеты кувæндонмæ схизгæйæ цæсты раз байгом вæййы æцæг дзæнæттаг ныв - бæрзонд урссæр хæхты астæу хъæдрæбын æрбынат кодта кувæндон
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/16
Усанеты кувæндонмæ схизгæйæ цæсты раз байгом вæййы æцæг дзæнæттаг ныв - бæрзонд урссæр хæхты астæу хъæдрæбын æрбынат кодта кувæндон
© Джульетта Козаева... растдæр зæгъгæйæ, йæ пырхæнтæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/16
... растдæр зæгъгæйæ, йæ пырхæнтæ.
© Sputnik / Джульетта КозатыКæддæры егъау систæ æмæ бæстыхæйттæн ма ныр мæгуырау калдæй лæууынц сæ дуртæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/16
Кæддæры егъау систæ æмæ бæстыхæйттæн ма ныр мæгуырау калдæй лæууынц сæ дуртæ.
© Sputnik / Джульетта КозаеваДзæнгæрæджы хъæр айзæлы комы дард.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/16
Дзæнгæрæджы хъæр айзæлы комы дард.
© Sputnik / Джульетта КозатыЗынвадат фæндагмæ æнæкæсгæйæ, æввахс хъæуты цæрджытæ ( æмæ дæрддзæф хъæутæй дæр) ардæм ссæуынц сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхсынмæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/16
Зынвадат фæндагмæ æнæкæсгæйæ, æввахс хъæуты цæрджытæ ( æмæ дæрддзæф хъæутæй дæр) ардæм ссæуынц сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхсынмæ.
© Sputnik / Джульетта КозаеваЗынвадат фæндагмæ æнæкæсгæйæ, æввахс хъæуты цæрджытæ ( æмæ дæрддзæф хъæутæй дæр) ардæм ссæуынц сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхсынмæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
8/16
Зынвадат фæндагмæ æнæкæсгæйæ, æввахс хъæуты цæрджытæ ( æмæ дæрддзæф хъæутæй дæр) ардæм ссæуынц сæхи æмæ сæ бинонты фæдзæхсынмæ.
© Джульетта КозаеваРагон таурæгъ куыд амоны, афтæмæй-иу æрвылаз дæр Усанеты дзуары боны æввахс хъæуты цæрджытæ стырæй-чысылæй ссыдысты кувæндоны бынмæ сæхи бафæдзæхсынмæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
9/16
Рагон таурæгъ куыд амоны, афтæмæй-иу æрвылаз дæр Усанеты дзуары боны æввахс хъæуты цæрджытæ стырæй-чысылæй ссыдысты кувæндоны бынмæ сæхи бафæдзæхсынмæ.
© Джульетта КозаеваУырдæм-иу йæхи къахæй æрбацыд дзуарæн нывонд саг. Фæсивæд-иу æй акусарт кодтой æмæ иу фæминас кодтой.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
10/16
Уырдæм-иу йæхи къахæй æрбацыд дзуарæн нывонд саг. Фæсивæд-иу æй акусарт кодтой æмæ иу фæминас кодтой.
© Джульетта КозаеваИу аз саг æрæгмæ цыд кувæндоны цурмæ, адæм бадтысты æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæддæр-кæддæр саг дæр фæзынд. Уæд æнхъæлмæкæсджытæй иу налат нозтджын нæлгоймаг саджы рацахста æмæ йын ралыг кодта йе 'взаг, зæгъгæ, цæмæ ныффæстиат кодтай.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
11/16
Иу аз саг æрæгмæ цыд кувæндоны цурмæ, адæм бадтысты æмæ йæм æнхъæлмæ кастысты. Уалынмæ кæддæр-кæддæр саг дæр фæзынд. Уæд æнхъæлмæкæсджытæй иу налат нозтджын нæлгоймаг саджы рацахста æмæ йын ралыг кодта йе 'взаг, зæгъгæ, цæмæ ныффæстиат кодтай.
© Джульетта КозаеваУæдæй абоны онг нывонд саг никуыуал фæзынд кувæндоны бын. Хабарæн ма æвдисæнтæй кувæндоны пырхæнты ныр дæр сæ сæрмагонд бынæтты æвæрд сты саджы сыкъатæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
12/16
Уæдæй абоны онг нывонд саг никуыуал фæзынд кувæндоны бын. Хабарæн ма æвдисæнтæй кувæндоны пырхæнты ныр дæр сæ сæрмагонд бынæтты æвæрд сты саджы сыкъатæ.
© Джульетта КозаеваУсанеты кувæндон.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
13/16
Усанеты кувæндон.
© Джульетта КозаеваАрв кувæндоны сæрмæ.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
14/16
Арв кувæндоны сæрмæ.
© Джульетта КозаеваУсанет
Усанеты алфамблай фæззæг алыхуызон ахорæнтæй сахуырста алæмæттаг æрдзы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
15/16
Усанеты алфамблай фæззæг алыхуызон ахорæнтæй сахуырста алæмæттаг æрдзы.
© Джульетта КозаеваУсанеты алфамблай фæззæг алыхуызон ахорæнтæй сахуырста алæмæттаг æрдзы.
Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
16/16
Усанеты алфамблай фæззæг алыхуызон ахорæнтæй сахуырста алæмæттаг æрдзы.
Ног хабӕртты лентӕ
0