Бестауты Бала: ацы зӕхх махӕн ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм

© Sputnik / Наталья АйриянБестауты Бала
Бестауты Бала  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны экологи ӕмӕ геологийы комитеты сӕрдар Бестауты Бала радзырдта республикӕйы ӕрдз бавӕрыны тыххӕй

Быроны проблемӕ у ахсджиаг — горӕты алыварс фӕзындысты бирӕ бырондӕттӕ, адӕм калынц сӕ бырон алыран дӕр, ӕмӕ уыйимӕ хъӕуы тох кӕнын. Нӕ ӕрдз хъӕуы уарзын ӕмӕ сыгъдӕг кӕнын, банысан кодта Бестауты Бала.

Бестауты Бала: ацы зӕхх махӕн ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ йӕ мах хъуамӕ бахъахъхъӕнӕм нӕ сывӕллӕттӕн

"Нӕ фӕсивӕд арӕхдӕр хӕхтӕм, хъӕдтӕм ӕмӕ донбылтӕм куы цӕуиккой ӕмӕ сӕ сыгъдӕгӕй куы дариккой уӕд сӕ ӕндӕр ницы дӕр хъӕуы. Ацы зӕхх махӕн ныууагътой нӕ фыдӕлтӕ, ӕмӕ йӕ мах та хъуамӕ бавӕрӕм фидӕн фӕлтӕрӕн", - загъта Бестауты.

 

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0