Мæргъиты Ирбег: скъоладзауты кæнæм хæхтæм, цæмæй зоной æмæ уарзой сæ бæстæ

© Sputnik / Наталья АйриянИрбег Маргиев
Ирбег Маргиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æвзонг натуралистты станцы сæргълæууæг Мæргъиты Ирбег радио Sputnik эфиры радзырдта, сывæллæттæн цы экскурситæ уадзынц, уыдон тыххæй
Мæргъиты Ирбег: скъоладзауты хæхтæм балцы кæнæм, цæмæй зоной æмæ уарзой сæ бæстæ

Хæхтæ алы ирон адæймагæн дӕр сты удæнцой, уырдæм балцытӕ та алы адæймаджы зӕрдӕйы дæр ныууадзынц хорз тæлмæнтæ. Æхсæнадæмон хæхты боны фӕдыл Мæргъиты Ирбег радзырдта сывæллæттӕн хæхтæм эксурситы тыхӕй.

“Ныртæккæ нæм ис 12 къорд скъоладзаутæ, семæ кусынц инструктортæ. Скъолаты дæр сын уадзынц теоретикон сахаттæ, практикон куыст та сын вæййы станцæйæн йæхи мидæг. Инструктортæ ахуыр кæнынц сывæллæтты, куыд дарой сæхи хæххон балцы”, - банысан кодта Ирбег.

Ирбег ма куыд бафиппайдта, афтӕмӕй фæстаг рæстæджы мит Цхинвалы афтæ нал уары, цæмæй сывæллæттæн сæ бон уа къахдзоныгътыл цæуын, уымæ гæсгæ 2019 азы уыдон арæзтой экскурситæ Цъонмæ.

Мæргъиты Ирбеджы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг йæ райгуырæн бæстæ куы зоны, уарзгæ дæр ӕй уæд бакæны. Уый тыххæй рæзгæ фæлтæры хъæуы кæнын хæхтæм æмæ сын дзурын сæ истори.

Ног хабӕртты лентӕ
0