Саулохты Георгий: стох кæндзынæн æмрæстæджы 20 шахматистимæ

© Sputnik / Наталья АйриянСаулохты Георгий
Саулохты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны шахмæтты федераци цæттæ кæны турнир скъоладзауты хсæн, уый тыххæй радио Sputnik-ы эфиры радзырдта шахмæтты федерацийы президент Саулохты Георгий
Саулохты Георгий: сабаты 22 февралы шахмæтты федераци хоны ерыстæм

Сабаты 22 февралы Хуссар Ирыстоны шахматты федерацийы хистæр уадздзæн æмрæстæджы сеанс шахматтæй скъоладзаутимæ. Мадзал ацæудзæн Вокзалгæрон уынджы, универститеты шахматты клубы.

"Шахматты федераци Паддзахадон универститеты æххуысæй ауадздзæн æмрæстæджы хъазты сеанс, райдайдзæн боны æртæ сахатыл", - фехъусын кодта Саулохты Георгий.

Георгий ма куыд банысан кодта, афтæмæй уый иунæгæй хъаздзæн 20 шахматисты ныхмæ.

Нæ республикæйы шахматты федераци арӕзт ӕрцыд 2016 азы, æмæ йӕ сӕргъ слӕууыд Саулохты Георгий. Фӕстаг ӕзты шахматон турниртӕ республикӕйы сарӕх сты – ӕрвылазон сты Гобозты Валерийы номарӕн турнир, Республикӕйы чемпионат ӕмӕ ӕндӕр ерыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0