Къацты Зара: 2008 азæй мæ хæдзары агъуысты уыд рæмудзæн æрмæджытæ

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæАгъуыст
Агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гудзабары хъæуы цæрæг Къацты Зара радио Sputnik-ы эфиры радзырдта, йæ хæдзары агъуыст кæй уыд æвзæр уавæры, æмæ йæ ныр кæй ивынц
Кацты Зарæ: бузныг дæн, мæ хæдзары агъуыст мын кæй ивынц

2008 азы августы хæсты рæстæджы Гудзабары хъæуы цæрæг Къацты Зарайы хæдзары агъуыст ныппырх. Цалдæр азы фæцард æдзæллаг уавæрты.

"Тынг æвзæр уавæры уыд нæ хæдзары агъуыст, къæвдайы рæстæджы дон иууылдæр цыд хæдзармæ, уый тыххæй цалцæг кæнын мæ бон нæ уыд мæ хæдзар", - загъта Зара.

Сылгоймаг ма куыд радзырдта, афтæмæй уый бирæ хатт бахатыд хицауадмæ йæ проблемæйы тыххæй, фæлæ æвæрццаг дзуапп нæ иста.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ аразджытæ агъуысты бын ссардтой рæмудзæн æрмæджытæ. Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ аиуварс кодтой ацы тæссаг æрмæджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0