Геноциды рæстæджы ирæттæ Гуырдзыйы ныхмæ цыдысты сагæйттимæ - Лохты Дзамболат

© Sputnik / Наталья АйриянЛохты Дзамболат
Лохты Дзамболат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Журналист Лохты Дзамболат радио Sputnik-ы эфиры радзырдта, ивгъуыд æнусты йæ фыды мад цы уавæрты ирвæзын кодта йæ сывæллæтты, уый тыххæй
Дыууынæм азы геноцид бирæ адæмы хъысмæтыл бандæвта æппæрццагæй

Лохты Дзамболаты фыдæлтæ цардысты Цъунары хъæуы. Йæ фыды мад Уанеты Машо баззад идæдзæй 6 сывæллонимæ. Фæдисы хъæр куыд фæцыд, Гуырдзы æрбацæуынц зæгъгæ, уæд йæ сывæллæттыл фæхæцыд æмæ иннæ хъæуы адæмимæ алыгъдысты Ходы хъæуы ‘рдæм.

"Фæдис ныхъхъæр кодтой, Гуырдзы æрбацæуынц, зæгъгæ, æмæ нæлгоймæгтæ сæхи срæвдз кодтой, хæцæнгарз дæр сæм нæ уыд афтæмæй, иуæй-иутæ дзы семæ ахастой сагой", — загъта Дзамболат.

Дзамболатæн йæ фыды мад куыд рахабар кодта, уымæ гæсгæ, уыдонæн лидзгæ-лидзын сæ размæ гуырдзиаг гвардионтæ æрбалæууыдысты бæхтыл. Цалдæр адæймаджы дзы ахсгæ дæр æркодтой.

"Адæм куы апырхытæ сты, уæд гвардионтæ дыууæйæ фæлæбурдтой мæ фыды хомæ, ууыл цыд 15 азы, сæ фæсарцæй авæрдтой æмæ йæ аскъæфтой", - дзуры Дзамболат.

Уый фæстæ куыд рабæрæг, афтæмæй Дзамболаты фыды хойы аскъæфтой Хашуры район Чорчанайы хъæумæ, уыцы гвардионтæй йæ сæ иу йæхицæн усæн акодта. Кæд æмæ Лохон уыцы хъæуы нымад уыд тынг кадджын сылгоймагыл, уæддæр цæрæнбонтæм зæрдæдзурæн уыд, афтæ æгъатыр скъæфт кæй æрцыд, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0