Августы мæ хæдзар сыгъд, фæлæ ма уый кæй æндæвта – Тедеты Тузар

© Из личного архива Тедеева ТузараТедеты Тузар
Тедеты Тузар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæсты хæдæфсæддон Тедеты Тузар радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта 2008 азы августы цауты тыххæй
Августы мæ хæдзар судзгæ кодта, мæ мад та мын дуар æхгæнын кодта – Тедеты Тузар

Ацы бонты Хуссар Ирыстоны мысынц 2008 азы трагикон цаутæ. Тедеты Тузар уыцы рæстæджы куыста МХМ Паддзахадон автоинспекцийы æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ хæдзар куы сыгъд, уæд уый та посты лæууыд.

"Мæ цардæмбал мæм радзырдта, нæ хæдзар судзы, зæгъгæ, фæлæ уыцы рæстæджы уый никæй æндæвта", - мысы Тузар.

Нæлгоймаджы ныхæстæм гæсгæ, 7 августы ахæм сабыр уыд, растдæр цымæ тыхдымгæйы размæ афтæ, æмæ 8 августы уыцы сабырад раивтой сармадзаны нæмгуытæ.

"Никозæй нæм зынд, танктæ куыд цыдысты, нал нын уыд уыцы посты лæууæн æмæ фæстæмæ æрцыдыстæм автоинспекцийы бæстыхаймæ", - радзырдта Тузар.

Тузар ма куыд загъта, афтæмæй гуырдзиаг хъæуты цæрджытæ куы лыгъдысты, уæд сæ рынчынты æмæ зæрæдты ныууагътой æдзæрæг хъæуты æнæркастæй.

Лæмбынæг дæр хъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0