Хаджеты Таймуразы сфæлдыстад у йæ сæрибардзинады фæстиуæг – Джусойты Сослан

© Sputnik / Natalia AiriyanДжусойты Сослан
Джусойты Сослан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Джусойты Сослан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Хаджеты Таймуразы сфæлдыстады тыххæй
Хаджеты Таймузары сфæлдыстад у йæ сæрибардзинады фæстиуæг – Джусойты Сослан

Ирон литературæ у хъæздыг курдиатджын поэттæй, уымæ гæсгæ Хаджеты Таймуразæн дæр ис йæхи сæрмагонд бынат уыцы хыгъды. Джусойты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ, Таймуразæн иннæ поэттæй уæлдай йæ сæрибардзинад уыд уæрæхдæр.

"Алы поэт дæр хъуамæ уа сæрибар, фæлæ Таймуразæн иннæ фысджытæй уæлдай йæ сæрибардзинады æмвæзад уыд уæлдæр, уымæн æмæ йын Хуыцауæй дæтгæ уыд", - банысан кодта Сослан.

Сослан Хаджеты Таймуразы сфæлдыстады банысан кодта дыууæ сæйраг миниуæджы: фыццаг у йæ сæрибардзинад, дыккаг та - йæ поэзийы æвзаг.

"Таймуразы хуызæн поэтты фæрцы ирон культурæ райста индивидуалон хуыз", - бафиппайтта Сослан.

Сослан ма банысан кодта, Таймуразы сфæлдыстады кæй ис сæрмагонд музыкæ æмæ, зæгъгæ, уый тыххæй бирæ зарджытæ фыст æрцыд йе 'мдзæвгæтыл.

Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0