Кокойты Тарзан: 1991 азы трагикон Цыппурс хъуыды кæнын куыд абон, афтæ

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Тарзан
Кокойты Тарзан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мидхъуыдтæгты министры хæдивæг, раздæры депутат Кокойты Тарзан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта 1991 азы цауты тыххæй
Кокойты Тарзан: уыцы трагикон Цыппурс хъуыды кæнын куыд абон афтæ

Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы ис бирæ трагикон датæтæ, уыдонæй иу у 1991 азы 6 январь. æрцыд, уый. Кокойты Тарзан куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы бон хъуыды кæны абоны хуызæн.

"Уыцы æхсæв горæтмæ æрбацыдысты гуырдзиаг æфсæддонтæ. Кæй æрбацæудзысты, уый нæ зыдтой æрмæстдæр ирæттæ", - банысан кодта Тарзан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, горæты цы гуырдзиæгтæ цардысты, уыдон сусæгæй ахъуызыдысты æмæ сæ сыхаг ирон адæмæн нæ загътой, æфсад кæй æрбацæудзæнис, уый тыххæй.

"Райсом адæм æддæмæ хизын байдыдтой сæ хъуыдтæгты фæдыл æмæ федтой, горæты æд автоматтæ æмæ куыйтæ кæй лæууынц гуырдзиаг милиционертæ", - загъта Кокойты Тарзан.

Тарзан куыд банысан кодта, афтæмæй гуырдзиæгтæ бацахстой горæты сæйрагдæр уынгтæ, Театралон фæзуат æмæ райдыдтой сæ æнæгъдау митæ.

Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0