Биазырты Алла: Джыккайты Шамиль у нырыккон дуджы хъайтар

© Sputnik / Наталья АйриянБиазырты Алла
Биазырты Алла  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.03.2021
Рафыссын
Ирон литературæзонæг, филологон зонæдты кандидат Биазырты Алла радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Джыккайты Шамилы сфæлдыстады тыххæй
Биазырты Алла: Джыккайты Шамиль у нырыккон дуджы хъайтар

Джыккайты Шамиль уыд æппæтварсыг гоймаг æмæ нырыккон дуджы хъайтыр, афтæ хъуыды кæны Биазырты Алла.

Зындгонд поэт, публицист æмæ æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамиль райгуырд 25 февралы Дзомагъы хъæуы.

"Шамилы æз иннæты æмрæнхъæй уый оххыл хицæн кæнын, æмæ куыд Къоста йæ дугæн уыд хъайтыр, афтæ Шамиль та у нырыккон дуджы хъайтар", - бахахх кодта Биазырты Алла.

Литературæзонæджы ныхæстæм гæсгæ, уый хъайтарыл нымайы, æргомæй æмæ æдæрсгæйæ чи дзуры æмæ чи ралæууы æнæхъæн цардвæткы ныхмæ, уыдоны.

"Шамиль йе сфæлдыстадæй тох кодта æппæт системæ мæ цардвæткы ныхмæ, негативон фæзындтæ дзы цы уыд уыдоны ныхмæ æмæ уый та алкæй бон нæу", - загъта Алла.

Уый ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ фысджытæ дæр æмæ интеллигенцийы минæвæрттæ дæр бирæ ис Ирыстоны, фæлæ дзы алчи активон позици равдисын нæ уæнды, уымæн æмæ уым ис хъаугъатæ, быцæу æмæ конфликт.

Лæмбынæгдæр байхъусут аудиоæрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0