Бибылты Анатолий: Ереды трагеди дӕр уыд 1920 азы геноциды фӕстиуӕг

© Sputnik / Natalia Airiyan Ереды трагеди
Ереды трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.03.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий банысан кодта, ирон адӕм алыхатт дӕр кӕй хъуыды кӕндзысты ӕвирхъау фыдракӕнд, кӕцы сӕххӕст кодтой гуырдзиаг фашисттӕ
Бибылты Анатолий: нӕ ферох кӕндзыстӕм Гуырдзыстоны ӕрхаст зындзинад

Хуссар Ирыстоны ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, сӕ ингӕны раз цыппӕрӕмы ацыд фыдохы митинг. Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, ирон адӕм алыхатт дӕр кӕй хъуыды кӕндзысты ӕвирхъау фыдракӕнд, кӕцы сӕххӕст кодтой гуырдзиаг фашисттӕ.

"Мах хъуыды кӕндзыстӕм зындзинад, кӕцы Гуырдзыстон ӕрхаста Хуссар Ирыстон", - загъта Бибылты Анатолий.

Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, ацы трагеди иунӕг фыдракӕнд кӕй нӕ уыд ирӕтты ныхмӕ Гуырдзыстоны 'рдыгӕй, президент ӕрымысыд Зары трагеди ӕмӕ 2008 азы августы хӕст. Бибылты Анатолий бахахх кодта, ацы фыдракӕндтӕ иууылдӕр кӕй сты 1920 азы геноциды фӕстиуджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0