Хъазиты Мелитон: аивадон уацмыс цардæй хъуамæ дард ма уа

© Sputnik / Наталья АйриянХъазиты Мелитон
Хъазиты Мелитон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.03.2021
Рафыссын
Ирыстоны фысджыты æмсæрдар Хъазиты Мелитон радио Sputnik эфиры радзырдта йе 'сфæлдыстад æмæ фыссæджы профессийы тыххӕй
Хъазиты Мелитон: аивад у стыр æмæ йæм хъæуы хъус дарын

Хъазиты Мелитон ирон литературæйы фæзынд, 1971 азы йæ фыццаг чиныг "Зæлы зарæг" куы рацыд мыхуыры, уæд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæды рæстæджы фыссæгæн уыд стыр кад, фæлæ "равзæрстон ацы професси, мæ зæрдæмæ кæй цыд фыссын, уый тыххæй".

"Афтæ куы зæгъæм, уæд мын мæ чингуытæй иу дæр æнцон фыссæн нæ уыд, уымæн æмæ фыссæг чиныг йæхицæн нæ фæфыссы, фæлæ адæмы хъуамæ хъæуа", - загъта Мелитон Резойы фырт.

Авторы хъуыдымæ гæсгæ, иуæй иу фысджытæ фыссынц, цæмæй искæй бафхæрой, фæлæ уый аивад нæу. Уацмыс фысгæйæ развæлгъау кæд автор зоны йæ хъайтары хъысмæт, уæддæр дзы, Хъазиты Мелитоны ныхæстæм гæсгæ, фысгæ-фыссын бирæ цыдæртæ фæивы.

"Фæлгондз аразгæйæ адæймагмæ афтæ кæсы, зæгъгæ, мæнæ уый æвæрццаг хъайтар у æмæ дзы алцыдæр хъуамæ уа хорз, фæлæ йæ хаттæй-хатт цард ахæм уавæрты бакæны æмæ рæдыд æруадзы", - банысан кодта фыссæг.

Хъазиты Мелитон ма куыд бафиппайдта, афтæмæй бирæ автортæ куы фæфыссынц уацмыс, уæд æппæрццаг хъайтарæн раттынц цыдæр æвзæр ном, фæлæ уацмыс цардæй хъуамæ дард ма уа - фыссæджы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг номæй нæу, фæлæ удыхъæдæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0