Джусойты Сослан: Къостайы "Додой" у Иры адæмы сомбон фæхуыздæр кæныны инструкци

© Sputnik / Natalia AiriyanДжусойты Сослан
Джусойты Сослан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.04.2021
Рафыссын
Ирон литературæйы табугæнæг Джусойты Сослан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Къостайы æмдзæвгæ "Додой"-ы нысаниуæджы тыххæй
Джусойты Сослан: Къостайы æмдзæвгæ "Додой" у баст Ирыстоны сомбоныл

Ирон гениалон поэт Хетæгкаты Къостайæн скъолайы программæмæ бирæ æмдзæвгæтæ ис хаст, уыдон нымæцы "Додой" дæр. Иуæй-иу чиныгкæсджытæ не сты разы, ацы æмдзæвгæ кæй ис скъолайы программæйы, уыйимæ. Джусойты Сосланы хъуыдымæ гæсгæ, æмдзæвгæ "Додой" хъуамæ уа скъолайы программæйы, фæлæ йæ сывæллæттæн хъæуы раст амонын.

"Æмдзæвгæ "Додой" у сидт, Къоста фыссы цы зын уавæры сты ирон адæм, стæй уæд зæгъы, цæмæй исчи арфæйы ныхас ракæна, цæмæй æрбамбырд уæм. Сæйрагдæр та йæ пафос ис "фезмæлæт исчи лæгауы", - загъта уый.

Сосланы хъуыдымæ гæсгæ, советон дуджы ацы æмдзæвгæйы федтой революцион змæлды миниуджытæ æмæ йæ уымæн рахастой рæгъмæ.

"Иу фиппаинаг ма мæм ис. Коцойты Арсен йæ мысинæгты фыста, зæгъгæ, 1898 азы Дзуджыхъæуы хъуамæ уыдаид ахуыргæнджыты æмбырд æмæ айхъуыст, Къоста дæр дзы кæй уыдзæн, уый. Арсен фыста, уыцы æмбырды "Додой" кæй азарыд Æмбалты Цоцко. Уый фæстæ раныхас кодта Къоста æмæ йæ сидт уыд иудзинадмæ, ома æрбаиу уæм æмæ нæ царды уавæртæ фæхуыздæр уой", - банысан кодта литературæйы табугæнæг.

Джусойты Сослан ма куыд бахахх кодта, уымæ гæсгæ, "Додой" у гениалон æмдзæвгæ æмæ дзы ис ирон адæмæн сæ сомбоны цардуавæр фæхуыздæр кæныны инструкци.

Ног хабӕртты лентӕ
0