Зассеты Мераб: Хуссар Иры музейы æрмæг бæлвырд кæны ирон адæмы рагон истори

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Мераб
Зассеты Мераб  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.04.2021
Рафыссын
Национ музейы сæргълæууæг Зассеты Мераб радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ дæлбар культурон уагдоны куысты тыххæй
Зассеты Мераб: нæ музейы цы æрмæг ис, уый бæлвырд кæны нæ рагон истори

Дунейы цы фæнды бæстæйы музейæн дæр ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ уым æвдыст æрцæуы бæстæйы истори, банысан кодта Зассеты Мераб. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар ирыстоны Национ музейы цы æрмæг ис, уый та бæлвырд кæны ирон адæмы рагон истори.

"Мах цы историмæ барстам нæхи, уый уыд тынг къуындæг, уымæн æмæ нæ историйæ мах зыдтам, 18 æнусы кæмдæр хæхты кæй разындыстæм. Уæдмæ нын цы истори уыд, уый бæрæг нæ уыд", - загъта Мераб.

Зассеты Мераб куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ стыр бузныджы аккаг сты уыцы ахуыргæндтæ, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой нæ рагон истори сбæлвырд кæнынæн.

"Уый æрмæст мах истори нæ уыд, фæлæ индоевропæйаг культурæимæ цы адæмтæ сты баст, æппæт уыдоны. Мах уыцы адæмæн уыдыстæм сæ астæуыстæг", - бафиппайдта музейы сæргълæууæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0