Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрад 2021 аз расидт Нарты Кадджыты азӕй. Ахуыргонд Дзиццойты Юрий куыд бамбарын кодта, уымӕ гӕсгӕ мифологи ис алы адӕмӕн дӕр.
"Адӕймагадӕн примитивонӕй историонмӕ рахизыны хуыз уыд мифологон хъуыдыкӕнынад. Дунейыл цыдӕриддӕр ис хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр, уый адӕм сӕхицӕн ӕмбарын кодтой мифты руаджы", - загъта Дзиццойты Юрий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ирон адӕммӕ мифтӕ ӕрхӕццӕ сты адӕмон сфӕлдыстады хуызы, уыцы сфӕлдыстад уыд кӕддӕр адӕймагадӕн йӕ хъуыдыкӕнынады фӕрӕзтӕй сӕ иу.
"Ирон адӕмы рагфыдӕлтӕ дӕр уыцы этапыл рацыдысты. Рагон ирон мифтӕ, ома рагон ирайнаг, арийаг, рагон инодоевропӕйаг мифтӕ сӕ фӕд ныууагътой фольклоры: ирон аргъӕутты, ӕмбисӕндты, уыциу-уыциты, зарджыты, фӕлӕ ӕппӕты фылдӕр сӕ фӕд ныууагътой Нарты кадджыты, - бафиппайдта Юрий Альберты фырт.
Кафедрӕйы сӕргълӕууӕг ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй Нарты кадджытӕн зонын хъӕуы сӕ дӕлтекст, цӕмӕй ӕнцондӕр ӕмбарӕн уой.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.