Æлборты Сабина: актер хъуамæ алы фæлгонцмæ дæр таса

© Sputnik / Natalia Airiyan Æлборты Сабина
Æлборты Сабина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2021
Рафыссын
ХИПУ актерон факультеты фыццæгæм курсы студенткæ Æлборты Сабина радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта йæ ахуыры тыххæй
Æлборты Сабинæ: актер хъуамæ алы фæлгонцмæ дæр таса

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты 2020 азы фæзынд актерон факультет. Фыццæгæм курсы студенткæ Æлборты Сабина куыд радзырдта, уымæ гæсгæ фидӕны артисттӕ тынг бæстонæй æрæвнæлдтой ахуырмæ.

"Махæн амонынц, ома актер хъуамæ алы фæлгондз ахъазнмæ дæр таса. Нæ бон хъуамæ уа хъазын трагеди дæр æмæ комеди дæр, рæсугъд æмæ фыдхуыз, æвæрццаг æмæ æппæрццаг рольты", - загъта Сабина.

Студенткæйы ныхæстæм гæсгæ, уый цæттæ у алыхуызæн рольты йæхи бафæлварынмӕ, цæмæй йæ дæсниад цы амплуайы ирддæр у, уый бамбара.

"Нырма йæ нæ зонын, цы роль мын æнцондæр у ахъазын, раджы у ууыл хъуыды кæнын, фæлæ агурын мæхи амплуа", - бафиппайдта Сабина.

Уый ма банысан кодта, развæлгъау кæй æмбæрста актеры профессийы фыдæбæттæ, фæлæ ма дзы уæддæр кæй разынд æндæр зындзинæдтæ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0