Джусойты Сослан: Ногиры хъӕу йӕхӕдӕг дӕр у геноциды цыртдзӕвӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanСослан Джусойты
Сослан Джусойты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.10.2021
Рафыссын
Ӕхсӕнадон архайӕг Джусойты Сослан радио Sputnik Хуссар Ирыстоны интервьюйы радзырдта, Ногиры хъӕуы цы цыртдзӕвӕн сӕвӕрдтой, уый ахсджиагдзинады тыххӕй
Джусойты Сослан: Ногиры хъӕу у йӕхӕдӕг дӕр геноциды цыртдзӕвӕн
Цӕгат Ирыстоны Ногиры хъӕуы бындурӕвӕрдыл ацы аз сӕххӕст 100 азы. Ацы аз 10 октябры хъӕуы сӕвӕрдтой цыртдзӕвӕн, ам Хуссар Ирыстонӕй цы лигъдӕтты ӕрцард 100 азы размӕ, уыдонӕн. Джусойты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, цыртдзӕвӕн рауад тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ.
"Йӕ скульптор у Зӕнджиаты Таймураз, уый дӕр уыд бакӕныны церемонийы ӕмӕ ӕрбацӕуджытӕн бамбарын кодта цырты нысаниуӕг", - загъта уый.
Сослан ма бузныджы ныхӕстӕ загъта, ацы цыртдзӕвӕн саразыны хъуыды кӕмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ чи сарӕзта, уыдонӕн. Ныры онг Ногиры кӕй нӕ уыд ахӕм цыртдзӕвӕн, уый ӕхсӕнадон архайӕг банымадта ӕнӕрастыл.
"Фыццаджыдӕр мӕ фӕнды зӕгъын, ӕмӕ цыртдзӕвӕн йӕхӕд цы дурыл лӕууы, ууыл хорз уаид, ӕмӕ ӕнхъӕл дӕн, уый дӕр арӕзт ӕрцӕудзӕн, дыууӕ ныхас иронау дӕр бафыссын. Сӕйраг фӕндон та уый мидӕг ис, ӕмӕ цыртдзӕвӕныл фыст ис уырыссагау "Памятник переселенцам", ома ӕрлидзӕг адӕмӕн, фӕлӕ уыдон ӕрлидзӕг нӕ уыдысты - уыцы адӕмӕй иу дӕр йӕхи фӕндмӕ гӕсгӕ не 'рцыд цӕрынмӕ", - банысан кодта Джусойты Сослан.
Уый ма бахахх кодта, Гуырдзыстон 1920 азы цы геноцид сарӕзты Хуссар Ирыстонӕн, уый фӕстиуӕгӕн Цӕгат Ирыстонмӕ чи ӕрлыгъд, уыцы адӕм бындур ӕрӕвӕрдтоц Ногиры хъӕуӕн.
Лӕмбынӕгдӕр хъусут аудиоӕрмӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0