Хъуылымбегты Мамед: спортивон фестиваль "Мирный Кавказ - 2021" ацыд бæрзонд æмвæзадыл

© Sputnik / Наталья АйриянХъуылымбегты Мамед
Хъуылымбегты Мамед - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2021
Рафыссын
Тренер Хъуылымбегты Мамед радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Цæгат Ирыстоны ацæугæ ерысты фæстиуджыты тыххæй
Хъуылымбегты Мамед: ерыстæ ацыдысты стыр æмвæзадыл
Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар - Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд Æппæтуæрæсейон культурон-спортивон фестиваль "Мирный Кавказ - 2021" æмхæццæ æмтохæдтæй. Хайад дзы райстой хуссарирыстойнаг спортсментæ дæр. Тренер Хъуылымбегты Мамеды ныхæстæм гæсгæ, ерыстæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл.
"Фестивалы архайджыты нымæц уыд сæдæйы бæрц. Нæ сопртсментæ сæхи тынг хорз равдыстой, кæцыдæртæн дзы иу боны мидæг уыд цыппар тохы æмæ ахæм ерыстæ стæм хатт вæййынц", - загъта Мамед.
Тренер куыд банысан кодта, афтæмæй цхинвайлаг спортсментæн æрхаудтой иууылдæр тыхджын ныхмæлæуджытæ.
"Спортсментæй кæцыдæртæ фыццаг хатт райстой хайад ерысты æмæ дзы фыццаг бынæттæ дæр бацахстой", - бафиппайдта Хъуылымбегты Мамед.
Тренер радзырдта дарддæры нывæзты тыххæй дæр. Турчы уагъд цæудзæн дунейы фыццагад, æмæ командæйы уæнгтæ сæхи цæттæ кæнынц уырдæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0