Камо Сирадегян: уæ уæлибæхтæ дӕр хæрзад сты

© Sputnik / Руслан Тадтаев"Ног ирон" Камо Сирадегян
Ног ирон Камо Сирадегян - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æртæ азы размæ Цхинвалмæ æрцæугæйæ, Камо бакодта йӕхи сæрмагонд хъуыддаг æмæ ног бынаты срæвдз кодта йæ цард æмæ йæ ахастытæ бынæттон адӕмимӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Козаты Диана. Камо Сирадегян фыццаг хатт æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æртæ азы размæ. Уæд ам йæ зæрдæмæ æппындæр нæ фæцыд. Фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, цалдæр мæйы размæ Камо аскъуыддзаг кодта Цхинвалы бæстон æрбынат кӕнын. "Уымæн æмæ",- дзуапп кæны нæ фарстæн, зæгъгæ, цæмæн раивта йæ цæрæнбынат.

"Кæд ам мæ зæрдæмæ нæ фæцыд, уæддæр афтæ аскъуыддзаг кодтон. Мæнг нæ зæгъын", — худгæйæ дзуры Камо.

Ныр, Ирыстонмæ фыццаг хатт куы æрцыд, уыцы бонæй æртæ азы фæстæ, Камо зæгъы, куыд тынг фæивта горæт, кæй дзы цæуы алыгъуызон арæзтæдтæ, адæм сæ сомбоны куыд фæныфсджындæр сты.

"Фыццаг хатт куы æрцыдтæн, уæд мæ зæрдæмæ ам æппындæр нæ фæцыд — нæ дзы фæндæгтæ уыд, нæ дуканитæ. Фæлæ уæдæй фæстæмæ горæт тынг фæивта, зынгæ дæр ыл тынг фæкодта", — дзуры уый.

© Sputnik / Руслан ТадтаевКамойы "сомихаг къӕбиц"
Армянская кухня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Камойы "сомихаг къӕбиц"

Камойыл цæуы 55 азы, уый райгуырд æмæ схъомыл Сомихстоны сæйраг горæт Ереваны, цыран ын ис ус æмæ дыууæ сывæллоны. Йæ професси Камойæн у экономист, Ереваны уыд "арæзтадон ахорæнты дистрибьютор". Ныр ацы хъуыддаг адарддæр кодта йæ лæппу. Æрæджы уый уазæгуаты æрцыд йæ фыдмæ, фæлæ йæ ус никуыма уыд Цхинвалы.

"Цæмæн цæуы ардæм? Мæхæдæг арæх цæуын мæхиуæттæм", — дзуры "ног" цхинвайлаг.

Цхинвамæ æрцæугæйæ, Камо æвиппайды бакодта йæ хъуыддаг — бынæттон цæрджыты зонгæ кæны сомихаг къæбицимæ. 8 июны уынгыл къаннæг бæстыхайы йæ дыууæ æмзæххонтимæ — Арман Унанян æмæ Марине Арутюнянимæ дары цæттæ къæбицы дукани. Шаурма, кебаб, гриль, сомихаг луаси, хот-дог, поп-корн ӕмӕ "сомихаг физонæг" — алкæмæн дæр фадат ис ацы хæринæгтæй ацаходын. Æндæр бынæттимæ абаргæйæ асламдæрæй.

Цалынмæ ныхас кæнæм, уæдмæ Арман æмæ Марине ацарызтой шаурмайы порци. Куыд рабæрæг, афтæмæйæн продукци зæрдиагæй агурынц фæлхасгæнджытæ, 10 минутмæ дуканийы къæсæрæй бахызт цалдæр æлхæнæджы, райстой сæйраджыдæр шаурма.

© Sputnik / Руслан ТадтаевАрман æмæ Марине ацарызтой шаурмайы порци
Армянская кухня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арман æмæ Марине ацарызтой шаурмайы порци

Хӕрзад физонæгæй аминас кæдтой Sputnik уазджытæн дæр. Камо нæ раргом кодта йæ аразыны сусгдзинæдтæ, зæгъы, физонӕгӕн ахæм ад кæй дæттынц сæрмагонд хъацæнтæ, "кæцытæн нæй ссарæн Хуссар Ирыстоны".

"Чи нæм цæуы, уыдон се ‘ппæт дæр дзурынц, алцыдæр нæм кæй у хæрзад", — æппæлы Камо.

Бынæттон цæрджытимæ Камойæн ис хъарм ахастытæ, арæх вæййы ирон фынгтыл. Йæ зæрдæмæ тынг цæуы, агуывзæ баназыны размæ ирæттæ кæй ракæнынц рæсугъд куывдтытӕ.

"Махмæ кувæджы раныхасы фæстæ, æвиппайды аназынц сæ агуывзæтæ. Ам та кувæджы фæстæ алчидæр сысты æмæ бафтауы йæхи ныхæстæ. Уарзын бынæттон цæрджытимæ иу фынгыл бадын. Уæ уæлибæхтæ дæр хæрзад сты", — дзуры уый.

Камойæн куыд бантыст æцæгæлон бæстæйы йæ хъуыддаг срæвдз кæнын, уый нӕ хъӕр кӕны. Худгæйæ дзуапп кæны, зæгъгæ, "цæрдæг адæймаг кæй дæн, уый фæрцы". Дзуры, йæ хъуыддаг цыбыр æмгъуыдмæ уымæн срæвдз ис, æмæ ам нæй бирæ бюрократи, "кусы нæм хорз адæм".

Йæ продукци йын æлхæнджытæ зæрдиагæй кæй фæрсынц, уый фæдыл зын у йæ хъаруйæ ма раппæлын. Ахæм ныхæстæ хъусын ын тынг æхсызгон у æмæ йæ цæсгомыл фæзыны райгонд мидбылхудт.

Ног хабӕртты лентӕ
0