Минералон дон "ALANDON"-мӕ бацымыдис кодтой Колумбийы

© Sputnik / Алексей КовалевИсточник Згубир вода
Источник Згубир вода - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Минералон дон "ALANDON"-ы уадзӕг фӕнд кӕны йӕ продукт Таможнӕйон цӕдисы бӕстӕтӕм экспорт кӕнын. Минералон донмӕ уал бацымыдис кодтой Колумбийы.

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik. Минералон лон "ALANDON" ахиздзӕн Таможнӕйон цӕдисы бӕстӕты базарадмӕ, фехъусын кодта компани-уадзӕг "Атей"-ы генералон директор Босыкты Владимир. Куыстуат ныридӕгӕн бафыста бадзырдтӕ цалдӕр уӕрӕсейаг фирмӕтимӕ, кӕцытӕ ифтонг кӕнынц хӕлцӕй УФ-йы ӕмӕ сентябры дыккаг ӕмбисы минералон донӕн балхӕнӕн уыдзӕн Хуссар Ирыстонӕн ӕддейӕ дӕр.

Минералон дон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хосгӕнӕн суар "Аландон" тагъд фӕзындзӕн Уӕрӕсейы дуканиты

Завод "ALANDON" ӕмӕ минералон доны ратӕдзӕн уӕвынц Хуссар Ирыстоны Дзауы районы уӕлхох хъӕу Згъубиры. Курортологийы Уӕрӕсейаг Зонадон-иртасӕн институты лабораторон басгӕрстты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, минералон дон нымад ӕрцыд хосгӕнӕныл ӕмӕ дзы спайдагӕнӕн ис алыгъуызон низтӕй фӕрынчыны рӕстӕджы.

"Ног къуыри мах хъуамӕ арвитӕм "ALANDON"-ы фыццаг 15 мин авджы Дзӕуджыхъӕумӕ реализацимӕ. Мӕскуыйаг ӕмӕ питераг компанитимӕ дӕр нын ис бадзырд ӕмӕ ӕввахс рӕстӕджы райдайдзыстӕм архайын продукци уырдӕм ӕрвитын", — загъта Босыкты Владимир.

Амалиуӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, компани рацыд стыр фӕндаг, цӕмӕй рахиза уӕрӕсейаг базарадмӕ. Роспотребнадзорӕй райст паддзахадон регистраци ӕмӕ сертификат дӕттынц фадат компани "Атей"-ӕн минералон дон "ALANDON"-ы Таможнӕйон цӕдисы бӕстӕты реализаци кӕнын. Амалиуӕггӕнӕг банысан кодта, минералон донмӕ кӕй цымыдис кӕнынц Колумбийы амалхъом адӕм дӕр.

"Нӕ минералон донмӕ нын цымыдис кӕнынц Колумбийы амалхъом адӕм. Нырма уадзӕм бадзырдтӕ, фӕлӕ хуссарамерикӕйаг республикӕимӕ бадзырд махӕн уаид хорз цау, уымӕн ӕмӕ агурӕм нӕхицӕн партнертӕ ", — загъта Владимир.

© Sputnik / Наталья БосиковаМинералон дон "ALANDON"-ы этикеткӕ
Минералон дон ALANDON-ы этикеткӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Минералон дон "ALANDON"-ы этикеткӕ
© Sputnik / Алексей КовалевМинералон дон "ALANDON"-ы уадзӕн завод
Минералон дон ALANDON-ы уадзӕн завод - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Минералон дон "ALANDON"-ы уадзӕн завод
1/2
Минералон дон "ALANDON"-ы этикеткӕ
2/2
Минералон дон "ALANDON"-ы уадзӕн завод

Ӕртӕ азы дӕргъы "Атей" ифтонг кодта минералон донӕй бренд "SUAR"-ы бын, фӕлӕ куыстуаты къухдариуӕгад ауагъта ребрендинг ӕмӕ ныр продукци хуыйны "ALANDON".

Ныртӕккӕ, Босыкты владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, кондады фӕллой кӕнынц 10 адӕймаджы. Рӕстӕджы цыдимӕ, дон куы ахиза уӕрӕсейаг базарадмӕ ӕмӕ кондадон гуырахсттӕ куы фӕфылдӕр уой, уӕд уыдон дӕр фӕфылдӕр кӕндзысты кусджыты нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0