Фæлтæрæй фæлтæртæм. Националон кафт – Хуыгаты бинонты професси

© Sputnik / Алексей КовалевСимд
Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры стæм не сты профессионалон династитæ — дохтыртæ, актертæ, кафджытæ, æрмдæснытæ. Уыдонмӕ хауынц Хуыгатӕ дӕр — ацы бинонты 'хсӕн националон кафты традици адарддæр кодта ныр æртыккаг фæлтæр.

ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль "Симд"-ы фидыц — Хуыгаты дыууæ хойы Диана æмæ Олеся — бæстæйы сæйраг ансамблы кусынц ныр дæсгай æзты. Чызджытæн сценæмæ фæндаг айгæрстой сæ ныййарджытæ Леонид æмæ Дуня. Ныр та бинонты традици дарддæр кæны Олесяйы фырт Вадим. Ацы бинонтӕ ссисты Sputnik ног проект "Фæлтæрæй фæлтæртæм"-ы хъайтартӕ.

Хуссар Иры стæм не сты профессионалон династитæ — дохтыртæ, актертæ, кафджытæ, æрмдæснытæ, кӕстӕртӕ равзарныц сæ ныйарджыты дæсныйад, хо бафӕзма хойы кӕнӕ ӕфсымӕры ӕмӕ афтӕ дарттӕр. Кæмæндæрты сӕ бантысы сæ фыдæлтæй æнтыстджындæр разынын, аннæтæ баззайынц сæ ныййарджыты аууоны, фæлæ, дæнцæгтæм ӕнæкæсгæйæ, æхсæнады рæзы бинонты дæсныйадты нымæц. Се хсӕн — Хуыгаты бинонтӕ дӕр.

Олеся æмæ Дианайӕн сӕ професси цыма сӕ райгуырды размӕ ӕрцыд ӕвзӕрст ӕмӕ сæ дæсныйады хъысмæтӕн æндæргъуызон рацæуӕн нæ уыд — хотӕ сæ сабибонтæ ӕрвыстой "Симды" репетициты, концертты æмæ гастролты. Кафæджы дæсныйадмæ фыццаг бабæллыд хотæй кæстæр — Олеся.

"Ансамблы сӕйраг къорды кафыд нӕ мад Дуня, нӕ фыд Леонид та уыд хоры солист, йæ хъæлæс зæлыд ансамблы æппæт концертты. Уымӕ гӕсгӕ иу нӕ чысылӕй акодтой семӕ репетицитӕм ӕмӕ концерттӕм", — мысы уый.

© Sputnik / Ада БагианХуыгаты Олеся
Солистка государственного ансамбля Симд Олеся Хугаева. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыгаты Олеся

Бæстæйы сæйраг ансамблы солист суæвыны нысан Олеся йæхицæн бынтон чысылæй сæвæрдта. Сфӕлдыстадон атмосферӕйы хъомыл сывæллон националон кафты зæлтæм æмхиц куыннæ уыд æмæ райдыдта кафын Быценты Геннадийы къорд "Ирон"-ы.

"Быценты Геннадийы къорды архайдтой 10-15 аздзыдӕй, уый фæстæ та кафыдтӕн университеты ансамблы, стӕй та мæ бынат ссардтон мӕ сæйраг ансамблы", — радзырдта Олеся.

Чызг тырныдта "Симд"-ы солисткæ суӕвын, йе ʻстырдæр бæллиц та уыд номдзыд кафæг Плиты Нодаримæ æрсимын. Олесяйӕн дыууӕ бӕллиц дӕр бантыст сӕххӕст кӕнын. 

"Ныр 20 азы дæргъы кафын националон кæфтытæ. Солисткӕ сдӕн 16-аздзыдӕй. Плиты Нодаримæ ӕрсимын та мын бантыст Мæскуыйы гастролты рæстæджы. Фæлæ афтæ зæгъæн нæй, ирон кафты алцыдæр кӕй сарæзтон. Аивад, уӕлдайдӕр кафт ахæм фадыг у, æмæ дзы алы бон дæр хъӕуы хиуыл кусын", — банысан кодта кафӕг.

Уый ма кафтӕй дарддӕр йӕхи фӕлвары йӕ фыды дӕсныйады дӕр — зарыны.

"Мæ фыд зарæггæнæг уыд æмæ-иу æм хъыг каст, йæ цот мады фæндагыл кæй ацыдысты. Уымæ гæсгæ ӕз сфӕнд кодтон зарыны дӕр мӕхи бафӕлварын, ныридæгæн ахуыр кæнын нӕ музыкалон ахуыргӕнӕндоны. Уӕлдай дӕр, мӕ хъуыдымӕ гæсгæ, 45 азы кары адæймаг куы бацæуы, уæд кафты нал фӕфидауы", — дзуры Олеся.

Хоты хистæр Диана дæр йӕ хайбавӕрд бахаста Ирыстоны кафты аивад раразмӕ кӕныны хъуыддаджы. Уый æмрæстæджы кафы "Симды" дӕр æмæ ма у сывæллæтты кафты ансамбль "Ирон"-ы аивадон къухдариуæггæнæг дӕр.

Ансамбль Ирон-ы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Хуыгаты Диана - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуыгаты Дианӕ: мӕ бӕллиц – Турчы ирӕттӕн "Ирон"-ы арӕхстдзинад равдисын

"Чысылæй фæстæмæ бæллыдтæн сывæллæттимæ кусын ӕмӕ мæ бæллиц мæ къухы бафтыд. Ныридæгæн кафты аивадмæ нӕ республикӕйы ис стыр хъусдард, иу цыппар-фондз азы фæстæ уыдзæн бынтон хорз æмвæзадыл. Нæ фæсивæд æдӕрсгæйæ симдзысты хъазтыты æмæ чындзæхсæвты, ансамбльты хсӕн та уыдзæн стыр конкуренци", — нымайы Диана.

Дыууæ хойы дӕр æмхъæлæсæй сæттынц, ирон кӕфтыты хсӕн Хонгæйы ‘ййас кӕй ницы уарзынц.

"Симд, кæй зæгъын æй хъæуы, ритуалон массон кафт у, нæ фыдæлты цардыуаг уый фæрцы радæттæм. Фæлæ алкæцы чызг дæр йæхицæн зæрдæбынæй кафы æрмæстдæр Хонгӕ", — бафтыдта Диана.

Олеся ӕмӕ Диана æрвылбон дӕр райсомæй сихоры онг æппынæдзух сты репетициты — сценæйыл рæсугъд кафт, æнæцудгæ змæлд æмæ профессионалы ном æнæфыдæбонæй нæ вæййы. Дыууæйы дӕр ныфс ис, Хуссар Иры сæйраг ансамблы симдæн та тагъд рӕстӕджы кӕй къухæмдзæгъд кæндзысты дард фæсарæнты.

Чызджыты фыд Хуыгаты Леонид ахицӕн адунейӕ, йе ʻмкъай Лолаты Дуня кæд "Симды" нал кафы, уæддæр ирон националон аивадæй нæ фиппæрд ис — цайдагъ кæны рæзгæ фæлтæрты ирон кафтытыл. Ис ын Къостайы хъӕуы йæхи кружок.

© Хуыгаты бинонты архивӕй къамЛолаты Дуня
Дуня Лолаева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Лолаты Дуня
Йæ къухдариуæгады бын сывæллæтты ансамбль архайы æнтыстджынæй, хайад исынц куыд бынæттон концертты, афтӕ ӕхсæнадæмон фестивальты. Ирон кафт æмæ чысыл арæхстджын кафджытæ алыхатт дæр æрыздæхынц уæлахизтимæ.

Националон кафты традици Хуыгаты бинонты хсæн адарддæр кодта æртыккаг фæлтæр — Олесяйы фырт Вадим ныридæгæн у сывæллæтты ансамбль "Ирон"-ы солист.

Ног хабӕртты лентӕ
0