Хъайтары уынг: æнæмæлгæ командир Гæззаты Вадим

© ВКонтактеВадим Газзаев
Вадим Газзаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æрмæстдæр 36 азы бантыст рацæрын номдзыд командирæн. Йæ цыбыр царды уымæн бантыст саразын иууыл хæстхъомдæр тыхон къорд, йӕ адӕймагдзинад ӕмӕ хъайтардзинад та ссис фӕзминаг кӕстӕр фӕлтӕртӕн

"Дæ койæ дæр-иу дардмæ знаг лыгъди!

Кæцæй зыдтай, кæцæй зыдтай, мæгуырæг —

Ирон нæмыг дæ алыварс зылди"…

ЦХИНВАЛ, 21 март — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорды (МСНК) бындурæвæрæг æмæ номдзыд командир Гæззаты Вадим адунейӕ ахицӕн 25 азы размæ. Ирыстонӕн йӕ фӕстӕ ныууагъта кадджын ном, намыс æмæ адæймагдзинады ныстуан, афтӕ ма райгуырæн бæстæйæн лæггады дæнцæг.

Гæззаты Вадимы абон фæхонынц æнæмæлгæ командир, йæ ном радтой МСНК-æн, Цхинвалы уынгæн, йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд бæстæйы уæлдæр æфсæддон хорзæх – орден "Уацамонгæ"-йæ.

© Sputnik / Плиты Фатимæ Гæззаты Вадимы уынг
 Гæззаты Вадимы уынг  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Вадимы уынг

Вадимӕн нывонд кӕнынц æмдзæвгæтæ, зарджытæ, барадхъахъхъæнæг органты службæгæнджытæн та ацы легендарон гоймаджы намыс æмæ цардвæндаг æвæрынц дæнцæгæй. Йæ номхӕссӕг къордæн 2008 азы йæ хъæбатырдзинады тыххæй лæвæрд æрцыд хæстон тырыста.

Вадим ӕмӕ МСНК

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм æзты Хуссар Иры дӕр æркодта змæст рæстæджытӕ. Дыккаг бон цы уыдзæн, уый бæлвырдæй ничы зыдта, цӕрджытӕ тарстысты сӕ аууонӕй дӕр. Иуӕй Гуырдзыстонимӕ хӕст, аннӕмӕй мидӕггагон змӕстытӕ ӕмӕ ныхмӕлӕудтӕ…

Иудзырдӕй, дуг ӕрдомдта хӕстхъом, фӕткӕвӕрӕг структурӕ саразын. Уый ссис милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд, кӕнӕ ОМОН. Сарӕзта йӕ Гӕззаты Вадим. Уӕд йӕ дӕлбар уыдысты ӕрмӕстдӕр 12 лӕппуйы.

Къорды раздæры командир Пухаты Мераб куыд радзырдта, афтӕмӕй цалынмӕ 1992 азы 14 февралы официалонæй æрцыд фидаргонд, уæдмæ дæр къорды лӕппутӕ тох кодтой æдасдзинад æмæ фæткы сæрвæлтау.

"Горæты цыд тынг змæстытæ, бирæтæ абон сæ кой кæнын нæ уарзынц, фæлæ уый дæр у нæ истори, кæд бынтон рæсугъд нæу уæддæр. Кæцыдæр къордтæ стыгътой, надтой адæмы. Уыцы дуджы милици уыд æдых — мигæнæн сæм нал уыд, фыдгæнæг сæ 'ппындӕр ницæмæ дардта. Уыцы цаутæм хъус дардта æрмæстдæр МСНК. Иу-дыууæ мæйы дæргъы куыста къорд, стæй æрбынат кодта Тулдзы къохы, ногдзауты лагеры бӕстыхайы. Фæстæдæр Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмӕ æркодтой 8 БТР, уыдонæй 2 бахауд нӕ къордмӕ дӕр", — радзырдта Мераб.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, aфтæ сабырдзинад тауæг къордæн йæ ном хъуыст æмæ йæ зæрдæ йæ Ирыстоныл кæмæн рыст, уыцы фæсивæд гуылф кодтой йӕ рӕнхъытӕм.

"Уыдысты иууылдæр равзаргæ лæппутӕ, уӕлдайдӕр та сӕ командир. Уыцы змæст рæстæджы Вадим уыд ахæм лæг, кæцы уыдта махӕй алкӕмæй дӕр дарддæр, науæд та уыд ныфсхастдæр", — банысан кодта Пухаты Мераб.

Мидхæст Хуссар Ирыстоны

Йе 'мгӕрттӕ ӕмӕ зонгӕтӕ куыд мысынц, афтӕмӕй Гӕззаты Вадим нæ тæппуд кодта нæдæр ӕддагон знаджы ныхмæ, нæдæр мидæггагон фæткхалджыты раз.

Мæргъиты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары уынг: Мӕргъиты Ацӕмӕзы цыбыр, фӕлӕ ирд цард

"Уæд горæты цы æнæзакондзинад æлдариуæг кодта, уый разы никуы тасыд Вадим. Дзырдта лæгдзинадыл. Ӕз мæхæдæг æвдисæн уыдтæн, иухатт Ленины уынгыл уый иунӕгӕй æрлæууыд, горæты æмризæджы кæмæй рызтызты, уыдон ныхмæ. Уыд уæзбын æмæ зæнджын, æнæрхъуыды ми ницӕй тыххӕй сарӕзтаид. Ныхас-иу куы загъта, уæд дзы дон дæр нал тагъд. Уæлдай, науæд хъæр ныхас дзы никуы фехъуыстаис", — мысы фыццаг командиры МСНК ныры хистæр Плиты Игорь.

Игорь ма йæ фыццаг командиры хорз миниуджытæ мысгæйӕ дзуры, Ирыстонæн 90-æм æзты хæстон рæстæджытæ бирæ хъайтарты нæмттæ кӕй раргом кодтой — знаджы ныхмæ хъайтардзинад равдисын бирæтæн æнтыст, фæлæ мидæггон проблемӕйы скъуыддзагмæ стæмтæ хастой сæ ныфс. Вадим та хаста уымӕ йӕ ныфс ӕмӕ тох кодта сабырады сӕраппонд.

Бинонтӕн – цӕвиттон ӕмӕ ныфсы мӕсыг

Кӕд Вадимы амӕлӕтӕй ныр 25 азы рацыд, уӕддӕр йӕ кой кӕнгӕйӕ йе 'мкъай Ӕлборты Нанули нӕ уромы йӕ цӕссыг. Сылгоймагӕн йӕ бӕрны легендарон командир ныууагъта йӕ иунӕг фырты, ӕвӕццӕгӕн ӕй ныфс уыд, аккаг хъӕбулӕй йӕ кӕй схъомыл кӕндзӕн.

"Ӕгæр намысджын уыд. Уыд домаг йæхимæ æмæ аннæтæм дæр. Йæ дæлбар чи куыста, уый иу рæстæджы дзулфыцæн комбинатæй МСНК-æн рахаста дыууæ дзул уæлдайджынæй æмæ ма йæхицæй дæр сбуц ис. Вадим æй аздæхта йæ дыууæ кæрдзынимæ фæстæмӕ æмæ йæ ссæрибар кодта йæ бынатæй. Рбацыд хæдзармæ æмæ ма уым дæр бирæ фæкатай кодта. Уæд адæм уыдысты мæгуыр, гæвзыкк", — дзуры Нанули.

Йӕ бинонты дӕр ӕмӕ адæмы хъуыдыйы дӕр баззадысты Вадимы хъæбатырдзинады историтæ — бахызтаид дыууæ хотыхджын хылгæнæджы ʻхсæн, 90-ӕм æзты æмризæджы кӕмӕй рызтысты, уыдонæн сæ ных бакъуырдтаид, дыууæ ныхмæлӕуд къордты хыл-иу ныссабыр кодта.

"Никуы тырныдта стыр бынӕттæм, уарзта сабиты. Дзæуджыхъæуæй-иу æм æххуыс куы æрцыд, уӕд-иу ын йæ иу хай кӕддӕриддӕр радта интернатмæ", — мыссы Вадимы ӕмкъай.

Ӕнӕмӕлгӕ командиры мæлæт

Хъӕбатыр ӕфсæддоны, кæцы цæфтимæ аирвæзт Гуырдзыстонимæ хæсты, фесæфтой нæхиуæттæ — Гæззаты Вадимы фехстой Цхинвалы сæйраг уынгтæй сæ иуы 1993 азы июны. Йӕ марджытӕ нæ бацауæрстой, нæ бавгъау кодтой Ирыстоны рацух кæнын йæ хуыздæр фыртæй. Вадимимӕ иумæ сæ мæлæт ссардтой йе 'мтохгæнджытæ Зæгъойты Толик, Коцты Таир æмæ Тыджыты Вася.

© Sputnik / Плиты ФатимæМемориалон фæйнæг Гæззаты Вадимы хæдзарыл
Мемориалон фæйнæг Гæззаты Вадимы хæдзарыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мемориалон фæйнæг Гæззаты Вадимы хæдзарыл

"Ӕрхъула йыл кодтой Джиоты Алан æмæ Фӕсивӕды (ныры Гæззаты Вадимы) алвæндагыл. Байстой йын йæ мигæнæн æмæ йын æй раздæхтой æнæ нæмыгæй. Хылы фæстиуæгæн, науæд та æнæнхъæлæджы мард не рцыд — бацыдысты йæм сӕрмагондӕй марынмæ. Йемæ ма ноджы æртæ лæппуйæн стæрхон кодтой мæлæт, йæ сиахс æгæрыстæмӕй машинæйӕ рахизын дæр нал сырæхст. Вадимы мӕлӕт фӕстӕдӕр расайдта Присы операци", — радзырдта Плиты Игорь.

"Хæдзармæ йæ туджы лæсæнты куы ӕрбахастой, уӕд ма йын мӕ къух йӕ сæры бын акодтон, ӕмæ мӕ арммæ æрхаудысты нæмгуытæ. Йæ буарыл нал уыд æнæцъæррӕмыхст бынат. Йæ райгуырæн бæстæйыл æнувыд адæймаджы мæлæт сын фаг нæ уыд – сызмæстой ма йæ чъизийæ, скарстой йын йæ хуылф. Уый йæхи радта Ирыстонæн, кæцы йын не ʻсаргъ кодта — амардтой йæ æгъатырæй нæхиуæттæ. Вадим — домбай, фæлæ æнæхин уыд, никуы ахъуыды кодтаид, Ирыстоны йын афтæ кӕй бакæндзысты. Хуыцау нӕ бахизæд ахæм рæстæджытæй", — дзуры Ӕлборты Нанули.

Фӕлӕ йӕ хъуыддаг баззади цӕргӕйӕ…

Кӕд легендарон командир нал ис, уӕддӕр йӕ "хъуыддаг" – милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къорд абон дӕр уӕвы, у Хуссар Ирыстоны иууыл хæстхъомдӕр структурæтӕй иу. Ӕрӕджы банысан кодта йӕ сæвзæрды 26 аз. Кӕд ын йӕ рӕстӕджы бындур ӕрӕвӕрдтой Гæззаты Вадим йæ 12 æмтохгæнджытимæ, уӕд ныр та йе ʻсконды æхсæнадон сабырдзинад æмæ фæтк хъахъхъæнынц цалдæр сæдæ лæппуйы. Кæд МСНК кусджытæ хаттæй-хатт сæ барты сæрты дæр ахизынц æмæ сæм уый тыххæй адæм азым дарынц, уæддæр 90-ӕм æзтӕй фæстæмæ Ирыстонӕн сӕ лæггадӕй скодтой сӕхицӕн хъæбатыры ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0