Хъайтары уынг: Парпаты номхӕссӕг иунӕг проспект Цхинвалы

© Sputnik / Бинонты архивДжиоты Алан (Парпат)
Джиоты Алан (Парпат) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы иунæг проспект хæссы Джиоты Аланы (Парпат) ном. Йе ‘мгæрттæ, æмдугонтæ æмæ хотæ радзырдтой Sputnik, цахæм адæймаг уыд адæмон хъайтар, цы йын бантыст саразын йæ райгуырæн бæстæйæн ӕмӕ цæмæннæ райста аннæтау бæрзонд паддзахадон хорзӕхтæ

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Адӕмон хъайтар Джиоты Аланæн хъысмæт схæлар кодта цыбыр цард — ӕрмӕстдӕр 28 азы. Фӕлӕ йӕ уыцы рӕстӕг дӕр цыма ӕппынӕдзух фӕлваргӕ кодта — 28 азмӕ Алан бавзӕрста ӕртӕ хӕсты, уӕззау цард, мадызӕнӕджы ӕнафон мӕлӕт.

Фæсивæд мысы Хубул Парпат, Колорадо, Гæззаты Вадимы æмæ æндæрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæсивæд мысы "Хубул" "Парпат", "Колорадо", Гæззаты Вадимы æмæ æндæрты

Фӕлӕ йын, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, бантыст минон хӕстхъом къорд саразын, хуымӕтӕг ныллæг цхинвайлаг лӕппуйӕ хӕстфӕллад республикӕйы цӕрджыты ныфс суӕвын. Ӕмæ стæй æнæнхъæлæджы йæ райгуырæн горæты астæу ирон нæмыгæй йæ мæлæт ссарын.

Хуссар Ирыстоны ног историмæ 90-æм ӕзтӕ æрбахастой дæсгай хъайтарты нæмттæ, иутæ фæмард сты хæстон архӕйдтыты, аннæтӕ бабын сты мидæггагон змæстыты. Абон сæ номы алыварс сарæх сты æгъуыстаг радзырдтæ, сæ хъайтардзинадыл ист цæуынц кинонывтæ, сæ нæмттæ хæссынц уынгтæ. Ӕхсæнад та катай æмæ фæсмон кæны йӕ сæфт хъӕбатыртыл, кæцыты æнгæс патриоттыл абон Ирыстоны цæст нал хæцы.

Джиоты Аланы сабибонтæ — футбол, пластилин æмæ "Стадион"

Джиоты Алан Цхинвалы хъомыл кодта стыр бинонты хсæн, хуымæтæг хæларзæрдæ хъæлдзæг сывæллонæй. Йӕ хо Аэлитайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хицӕн кодта футболмæ, историмæ æмæ хæстон хъуыддагмæ æнæкæрон уарзондзинадӕй.

"Уыд тынг хæларзæрдæ. Тынг уарзта футбол. Уæды рæстæджы уыд зындгонд спортивон журнал "Стадион". Нæ мадæн иу ныллæгъстæ кодта, æрмæстдæр дам мын балхæн ацы журнал, æндæр никуы ницы домдта, йæхи-иу алцæмæй дæр рацух кодта. Астæуæй дзы алыхатт дæр уыд футболистты къамтæ. 10 сомы лæууыд, цæмæй йæ иу мæй рафыстаис. Мах та стыр бинонтæ уыдыстæм — фондз сывæллоны æмæ ныл не 'ххӕссыдысты. Ме ‘мкъласонтæм дæр-иу бахауд ацы журнал, иу ахӕмы мæ цæсгомыл мæ къух систон æмæ йын радавтон уыцы сыф дунейы зындгонд футболисттимæ", — мысы йæ Аэлита.

Футболы хуызæн æнувыд уарзт ма Алан кодта истори æмæ æфсæддон хъуыддаг. Фидæны æфсæддон фæтæг йæ фыццаг хæстон операцитæ арæзта пластилинæй.

"Тынг ма уарзта пластилинæй кусын. Йæ тæрхæджы бын иу ссарæн уыд æнæхъæн Бородинойы тохы быдыр. Хæстон хъуыддагмæ æмæ стратегион хъуыдыкæнынадмæ дæр ын стыр цымыдис уыд — танктæ, æфсæддонтæ иу арæзта пластилинæй. Бинонты хсæн дæр уыд хъæлдзæг æмæ хæларзæрдæ. Алан æндæрхуызон адæймаг уыд. Скъолайы йӕ ахуыргæнджытæ дæр тынг уарзтой", — радзырта йæ хо Аэлита.

Хæст æмæ Парпаты фæзынд

Хуссар Ирыстоны 1989 азы змæст рæстæг куыннæ скодтаид, уæд Джиоты Аланы хъысмæт дæр, æвæццæгæн, æндæргъуызон рауадаид. Ӕфсады каст фæцис æфсапъæйы курсытæ, уый фæстæ æрбынат кодта Таганрогы, уырдæм йæ фæстæ асайдта йӕ кæстæр æфсымæр Агенты дæр.

© Sputnik / Бинонты архивæйАлан Джиоев (Парпат)
Алан Джиоев (Парпат) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алан Джиоев (Парпат)

"Ӕрбынат кодтой, арæзт фæуд кодта сæхи сæрмагонд ресторан. Ӕз-иу Петербургмæ уыдоныл акодтон мæ фæндаг æмæ сын зыдтон сæ уавæр. Хъыгагæн, 1989 азы Хуссар Ирыстоны райдыдта хæст æмæ уыдон дӕр ратындзыдтой сæ райгуырæн бæстæм. Сæ фæстæ æрцыд ме ‘ртыккаг ӕфсымӕр Колорадо дӕр Мæскуыйæ. Уæдмæ Гуырдзы горæтмæ æрбахызтысты æмæ ме ʻфсымæртӕ дæр бацыдысты тохы", — дзуры Аэлита.

Фондз азы æмгъуыдмæ Джиоты Алан хуымæтæг цхинвайлаг лæппуйæ ссис легендарон командир. Хæстон дуг рабæрӕг кодта нацийы лидерты, кæцыты фарсмæ æмбырд кодтой фæсивæд æмæ лæууыдысты бæстæ бахъахъхъæныны æмæ сæрибары сæрвæлтау.

"Нӕ йӕ бамбӕрстам, Алан хуымӕтӕг лӕппуйӕ дзырддзӕугӕ командир куы ссис, уый", — дзуыры йæ иннæ хо Алла.

Йе ‘мгӕртты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Парпат йӕхи уайтагъддӕр равдыста хъӕбатыр хӕстон ӕмӕ лидерӕй. Остъаты Роберт куыд мысы, афтӕмӕй горӕты уæды рæстæджы уыд цалдæр центры, цы ран базонæн уыд бæстон информаци.

Вадим Газзаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары уынг: æнæмæлгæ командир Гæззаты Вадим

"Иу дзы уыд Интернаты бæстыхайы, уым бадт Тедеты Улифан. Иннæ та 2-æм скъолайы кæрты, ам скъуыддзаг цыдысты æппæт ахсджиаг фарстытæ. Уым базонгæ дæн Аланимæ. Хистæр кары адæмы нырма уырныдта, цæдис кæй сфидар уыдзæн, æмæ фæдзæхстой — "ма фæрæдиут". Уæд бынæтты куыстой советон хъомыладимæ адæм, кæцытæ бæллыдысты коммунизммæ æмæ национ хицæндзинад нæ нымадтой. Фæлæ Гуырдзыстон уыйбæрц æбуалгъ митӕ кодта æмæ фæсивæд хистæртæм дæр нал хъуыстой. Раст фæндаг равзæрста фæсивæд, хистӕрты хъуыдыйыл куы ацыдаиккам, уæд абон мах дæр нал уаиккам æмæ Ирыстон дæр", — банысан кодта Роберт.

Уый ма мысы, зӕгъгӕ, Джиоты Алан куыд къорды къухдариуæггæнæг афтæ фыццаг йæхи равдыста ТЭКы рбахизæны тохты. Уæд гуырдзиаг агрессортæ бацыдысты тохы МСНК (ОМОН) лӕппутимӕ æмæ уыдон бахъуыд фæстæ алæууын. Стæй сæм æххуысмæ фæзынд Джиоты Аланы къорд.

"ОМОНы кусджытæ ТЭК хъахъхъæдтой. Гуырдзы сӕм куы бабырста, уӕд се ʻхсæн æрцыд уды зиæнттæ, бахъуыд сæ фæстæмæ алæууын. Уыцы рæстæджы Парпат йæ къордимæ бацыд тохы, уый разамынады рохтæ райста йæ къухмæ. Ацы рæстæджы хицæн кæнын райдыдтой фыццаг быдырон командиртæ", — загъта Роберт.

Кӕд адӕм уавӕры ӕрсабырмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, стыр ныфсытӕ ӕвӕрдтой Гуырдзыстоны ног хицауадӕй, уӕдӕр та ӕнхъӕлцау фесты. Хабар ивта ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрырдӕм. Ӕмӕ цӕрджытӕ балӕууыдысты сӕ быдырон командирты фарсмӕ.

"Хъуыды ма йæ кæнын,1992 азы Гуырдзыстоны сæргъ Шеварнадзе куы слæууыд, уæд æрбацыд Цхинвалмæ дæр. Уыд фембæлд верттæхæн хайы Никозы. Фæсивæдмæ йемæ ныхас кæнын дæр уæйгæнæджы мийау каст. Цоциты Игорь (Хъæдын) Шеварнадзейы галстукыл ныххæцыд, зӕгъгӕ, "ай у Шеварнадзе?" Хистæртæ та йе 'рбацыдæй æвæрдтой ныфс, ома уавæр фæивдзæн. Фæлæ ивындзинæдтæ разындысты æвзæрæрдæм — æрцыд Зары бæллæх, арæнмæ рбатардтой æфсæддон техникæ, систой Прис.

Мзигом, куыд хӕдбар къордты фидыд

Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ʻхсæн хæсты кæд горæты æппæт къордтæ дӕр иузæрдийонæй тох кодтой знаджы ныхмæ, уæд мидæггагон ныхмæлæуды та нӕ сарӕхстысты бафидауын. 1992 азы хæст бантыст æруромын, сæ тыхы бацыдысты Дагомысы бадзырдтæ, Хуссар Иры æнхъæлмæ кастысты фидауынгæнæг тыхты æрцыдмæ. Республикӕ уыд дих хицæн районты къордтыл, алчидæр дзы уыд хæдбар. Уæд фæзынд иумӕйаг къорд саразыны хъуыды. Фæсивæд æрбангом кæныны бæрн йæхимӕ райста Парпат.

"Æртæ къуыримæ уый Мзигомы æрæмбырд кодта йæ дæлбар 3,5 мин адæймаджы, сарæзта æдзухон æфсад. Ацы къордæй стæй баххæст ис МСНК дæр æмæ сывзæрд Хъахъхъæнынады министрады бындур. Мæнмæ фæдзырдта разæсгарæн батальоны хистæрæй, мæ къорды скоды уыдысты Плиты Казимир, Цоциты Гена, Диакъонты Амиран, Чилæхсаты Владимир, Рæмонаты Людвиг, Кокойты Сергей (Фыд Серги) ӕмӕ ӕндӕртӕ, æмткæй 30 адæймаджы бæрц. Мах уыдыстæм Джиоты Аланæн йæ авангард", — дзуры Остъаты Роберт.

Хуссар Ирыстоны 1990-æм æзты хӕсты активон архайæг Дзудцаты Владимир (Коко) легендарон хъайтары сгуыхтдзинæдтæй сӕйраджыдӕр рахицæн кодта дыууæ пункты.

Мæргъиты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъайтары уынг: Мӕргъиты Ацӕмӕзы цыбыр, фӕлӕ ирд цард

"Ӕз ын йе сгуыхтдзинæдты ʻхсæн иууыл тынгдæр аргъ кæнын Хуссар Ирыстонмæ кæй æрласта хæцæнгарз. Дыккаг хæст куы фæцис, уæд æркодта БМП æмæ САУ-тæ. Уæд та хæцæнгарзæй ахсджиаг дæр цы уыд?! Фарст аскъуддзаг кæнынæн цы хъуыд?— Хæцæнгарз. Махмæ хæцæн æрмæг куы уа, уæд нын Гуырдзы цы хъуамæ ракæной. Уый алкæддæр у афтæ. Парпаты стырдæр лæггад йæ райгуырæн бæстæйы раз уыд ацы хъуыддаг", — радзырдта Дзудцаты Владимир.

Йæ аннæ стыр ӕнтыстыл та йын Владимир нымайы Мзигомы къорды сæвзæрд, куыд хъахъхъæнынады министрады структурӕ.

"Цы хæцæнгарз ӕрласта, уыдон дæр æрфидар сты ацы стурктурæйыл, уыд нæм цалдæр хайады — саперон, артиллерион. Уырыссӕгтӕ æрæййæфтой куыстхъом структурæ, кæцы архайдта æппæт домæнтæм гæсгæ. Æмхæццæ тыхты разамынад нæм куы рцыдысты, уæд хæстрæнхъон цыдæй сæ разы рацыдысты къордтæ, сæ нымæц хызт 3,5 минмæ", — бафтыдта уый.

Парпат æмæ социалон фадыг

Хæстон хъуыддагæй дарддæр ма Джиоты Алан бирæ архайдта социалон фадыджы дæр. Йæ хъæппæрисæй хæстфæллад Хуссар Ирыстоны сабитæ истой ногазон лæвæрттæ, ахуыры азы райдианы ахуыргæнæн æрмæг. Архайдта ахуыргæнджытæн мызд фидынæн фæрӕзтæ ссарын, рынчындон куыст сæндидзын кæнын æмæ республикæйы ныхмæлæууæг тыхтæ бафидауын кæнын.

"Иууыл-иу фæдзæхста, мæгуыр адæймаджы фæллоймæ макуы бавналут æмæ уæ адæмæй мацы тона кæнут. Бинонты фæстаг ӕхца дæр рахастаид æмæ радтаид чи тыхст, ахæмтæн. Йæ нысан уыд æрмæст хорздзинад тауын. Йæ адæймагдзинады миниуджыты фӕрцы, фæрсæй-фæрстæм тохы ацы адæймаг мæнæн ссис æфсымæрæй æввахсдæр", — загъта Остъаты Роберт.

"Сæумæрайсом-иу нæ кæрт уыд адæмæй йедзаг — æнхъæлмæ йæм кастысты. Чи цы проблемӕйы фæдыл цыд, чи та цы. Не ‘фсымæр-иу ын Мæскуыйæ дарӕс чемоданты дзаг æрвыста æмæ-иу сæ байуӕрста адæмыл. Хынджылæгæй-иу сын дзырдта, хаттæй-хатт иу сæ мæхимæ дæр авæрут, зӕгъгӕ. Меʻфсымæр кæй уыд, уый тыххæй нæ зæгъын, фæлæ Алан æндæргъуызон уыд. Ног азы размæ иу æррайау ратæх-батæх кодта, цæмæй ахуырдзауты зæрдæты чысыл ногазон рухс баудза æмæ сын лæвæрттæ æрбахæсса, ахуыры райдианмæ та ахуыры æрмæг", — мысы йæ хо Аэлита.

Ӕртывæр трагеди — кæстæр æфсымæры мæлæт, Абхаз æмæ Мæхъæлы хæст

Джиоты Алан канд Гуырдзыстоны ныхмæ тохты нæ расгуыхт, фæлæ ма йæ дæлбар къордтимæ фæивтой гуырдзиаг-абхазаг хæсты цыд æмæ мæхъæлон æрбабырсджытæй ссæрибар кодтой Цæгат Ирыстон.

Ирыстоны хуссары конфликт куы ныннымæг, уæд та змæстытæ райдыдтой цæгаты. Мæхъæлӕттæ æрбатыдтой Цæгат Ирыстонмæ æмæ бацахстой цалдæр районы. Тыхст рæстæджы æххуысы сидт æрцыд хуссармæ. Хæстхъом хуссарирыстойнаг къорд цалдæр бонмæ ахицæн кодтой хæсты хатдзæг.

"Хæсты хæдразмæ Аланæн амардтой йе фсымæр Агенты, фехстой йæ Сталины уынгыл. Хæдулгæйыл фæцæйцыд, нæмыг бахызт номырты ʻхсæн. Абон дæр æй нæ зонын, цæмæн æмæ йæ чи амардта. Аланæн йæ кæстæр æфсымæры мард уыд стыр трагеди. Стæй ма дыккаг бон та æрыхъуыст Мæхъæлы æрбабырсты хабар. Уæды Цæгат Иры хицауады сæрдар Хетæгкаты Сергей æрбахатыд Парпатмæ æххуысмæ. Йе ‘фсымæры уæлæуыл ныууагъта, афтæмæй атындзыдта Цæгатмӕ, дзырдта, зӕгъгӕ, зианы раздахæн нал ис, фæлæ "не ʻфсымæртæ уæззау уавæры сты", — мысы Парпаты йæ хæстон æмгар.

© FacebookПарпат
Алан Джиоев  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парпат

Алан йе 'фсымæры бавæрынмæ дæр нал банхъæлмæ каст, армыдзаг ыл сыджыт бакалдта, разылд æмæ æрсидт адæммæ, зӕгъгӕ, цæуæм Дзæуджыхъæумæ.

Ирон-мæхъæлон хæсты активон фазæ ахицæн ис ӕрмӕстдӕр хуссайраг бархионты фӕрцы. Æвдисæнты мысинæгтæм гæсгæ, къорды разамонæг Джиоты Аланы фæндыд æфсад кæнын суанг Назраны онг, фæлæ сæ разы æрлæууыдысты уæрæсейаг æфсæддонтæ ӕмæ техникæ, къордæн радтой фæндаг æрмæст фæстæмæ рацæуынæн.

Парпаты цыбыр царды иу хай та бацахста Абхазы хæст, ам райста цæфтæ дæр.

"Абхазмæ куы цыд, уæд мæ мад йæ разы зонгуытыл æрлæууыд, фæлæ йӕ мады фæдзæхст дæр нæ баурæдта. Йæ дзуапп иу уыд: уым мæ сæр хъæуы. Уырны мæ, уый куы аирвæзтаид, уæд абон Ирыстон размæцыддæр ӕмæ рæсугъддæр уыдиад", — радзырдта йæ хо.

Фæстæдæр æфсымæрон республикæ паддзахадон хорзæхтæй рахицæн кодтой ацы ирон хъайтары дæр.

Адæмон хъайтары мæлæт

Джиоты Алан аирвæзт æртæ хæсты, фæлæ хæстон конфликтты активон фазæ куы ахицæн, уæд уый ссардта йæ мæлæт йæ райгуырæн горæты 1993 азы. Бæллæх ма уый мидæг уыд, æмæ кӕй фæмард ирон лæджы нæмыгæй. Хъайтары мæлæт зынæвзарæн ссис канд йе ʻввахс адæмæн, хæлæрттæн нæ, фæлæ æгас республикæйæн. Парпаты мæлæт ныссаста, чи йыл æууæндыд, чи банкъардта йæхиуыл йæ аудындзинад, чи дзы райста æххуыс, кæй уырныдтой йæ рæсугъд фæндтæ, ӕппӕт уыдон зæрдæтæ.

"Иу рæстæджы йæ Цхинвалы ауыдтон æнæ хæцæнгарæзæй. Уæд æм мæ зæрдæ ахсайдта æмæ йæ фæрсын, зӕгъын, Алан, дæ пистолет кæм ис? Уæд уый хъæрæй ныххудт, Цхинвалы та дам мæ цæмæн хъæуы хæцæнгарз, мæ горæты дам кӕмӕй тӕрсын. Цыппар мæйы фæстæ йæ фехстой "æдас горæт Цхинвалы", — мысы зынгхуыст хъайтары хо.

Парпаты ном абон дæр ӕгас у, йæ удуæлдай архайд сæ зæрдыл дарынц йӕ хæстон æмгæрттæ. Цхинвалы сæйраг — Ленины — уынг раивтой Джиоты Аланы проспектмæ. Ныртӕккӕ уый у иунӕг проспект Цхинвалы.

© Sputnik / Анна КабисоваПарпаты хæдзар
Дом, в котором жил Парпат  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парпаты хæдзар

Проспект æрцыд хæрзарæзт, рæзынц дзы базарадон центртæ, фæлæ дзы иу хæдзарыл дæр ссарæн нæй хъайтары ном. Ӕрмӕст Парпат цы хæдзары цард, уый сис зындгонд мæскуыйаг арт-къорд Zukclub ӕмӕ Арт Тыгъдад "Портал"-ы нывгӕнджытӕ сфæлындыдтой йæ хуызистæй.

Цæмæдæр гæсгæ йӕ нӕ рахицӕн кодтой паддзахадон хорзæх — орден "Уацамонгæйæ" дӕр. Нал баззад бинонтæн хæдзар дæр Хуссар Иры. Йæ ныййарæг мад афтидӕй аззад йе ‘ртæ фыртæй дæр. Парпаты фыццаг бавæрдтой фæндзæм скъолайы кæрты, кæцы 90-æм æзты ссис зынгхуыст хъайтарты мемориалон уæлмæрд. Фæстæдæр сӕ мад йе ‘ртæ фырты дӕр æрæрмбырд кодта иу уæлмæрдмæ Дзæуджыхъæуы.

Аланы æбæрæгæй сæфт хъӕбул

Джиоты Аланæн нæ уыд бинонтæ, фæлæ ныр бирæ æзты дæргъы йæ хотæ аргурынц сæ зынгхуыст æфсымæры æбæрæг чызджы.

"Ахæм информаци нæм ис, Аланӕн кӕй баззад чызг. Архайæм, агурæм æй, фæлæ нырма ницы бæрæг бафтыд нӕ къухты. Иу рæстæджы цыдæр фæдыл фембæлдтæн, фæлæ та стæй уый дæр фæтары ис. Уыд нæм анонимон тел, ома чызг цæры Гуырдзыстоны. Зӕгъгӕ, ныййарæгæн чызджы байстой æмæ йæ радтой ӕндӕр бинонтæн. Цæттæ уыдыстæм бæстон информацийæн ӕхца бафидын дӕр, фæлæ нæ хъуыддагæй нырма ницы рацыд. Ныфс нæ ис ӕмæ ссардзыстæм нæ чызджы", — балхынцъ кодта Аэлита.

Ног хабӕртты лентӕ
0