Астæуы низтæ сурæг: тъбеттаг хъæддæсны сарæзта тренажер

© Sputnik / Фатима Плиева Гаглойты Анатолийы астæуы массажер
Гаглойты Анатолийы астæуы массажер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъæддæсны Гаглойты Анатолийы æрмадзæй цæуы бирæ хæдзарон мигæнæнтæ, æрæджы йæ руагъдадон коллекци баххæст кодта ног предметæй - сарæзта астæуы массажер

ЦХИНВАЛ, 15 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг, хъæддæсны Гаглойты Анатолий сцæттæ кодта астæу æмæ рагъыстæджы хосгæнæн тренажер. Хъæдæрмæджы цехы хицау фыццаг йæхæдæг сфæлвæрдта йæ "ноггуырд" мигæнæн. Анатолий кæд астæунизтæй нæ хъæрзы, уæддæр изæрырдæм йæхи айвазы диссаджы фæлладсурæг, тæрсбæласæй конд тренажерыл.

Ног мигæнæны аргъ у зынгæ къаддæр йæ уæрæсейаг "æфсымæртæй", ныры онг æй Гаглойты Анатолийæн йæхицæй дарддæр сфæлвæрдтой æрмæст цалдæр адæймаджы.

"Ме ʻфсымæр уæрæсейаг газеты бакаст ахæм тренажеры тыххæй æмæ мæм бахатыд, сараз ма дам мын дзы. Ныр махæдæг дæр фæлладæй куы рбацæуын, уæд ыл мæ астæу араст кæнын. Мæ рагъыстæг нæ риссы, фæлæ йыл мæ фæсонтæ ахафын æмæ мæ фæллад суадзын. Фæлæ уымæй пайда кæнынæн дæр хъæуы бæрц зонын, куыд хосæй афтæ. Цалдæр дзы ауæй кодтон æмæ сæ райгондæй баззадысты", — радзырдта хъæддæсны.

Массажер конд у тæрсбæлас æмæ æндæр æмæ æндæр бæрц къæбæлтæй, кæцытæ фидаргонд сты фæлгæтыл. Фыццаг бакастæй у советон бухгалтерты хъæдын нымайæны æнгæс.

© Sputnik / Наталья АйриянГаглойты Анатолий
Резчик по дереву Анатолий Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Анатолий

Хъæддæсны Гаглойты Анатолийы къухæй æрмæст рагъыстæджы массажер нæ рацыд. Тъбеты хъæуы йе стыр æрмадз йемыдзаг у алыгъуызон зырн æмæ тæрхтæй. Ам куыст сцайдагъ ис 2008 азы фæстæ. Хæстон архайдтытæ куы балхынцъ сты æмæ Хуссар Ирмæ куы æрцыдысты Уæрæсейы æфсæддонтæ, уæд нæлгоймагæн фадат фæцис хæдбар æмæ æдас республикæйы йæхицæн йæ зæрдæмæ æввахс хъуыддаг скæнынæн. Цехы мигæнæн та æмбырд кодта мургай бирæ æзты дæргъы.

"Цыдæртæ балхæдтон асламыл, зырн æрдæгаргъыл райстон "Эмальпровод"-ы, кæцыдæртæ райстон лæварæй, Сырх дзуары комитет мын баххуыс кодта тæрхæй, ныр ме 'рмадз алцæмæй дæр у ифтонг. Æрмæст ма мын мæ куыст къуыхцы кæны хъæдæрмæг хусгæнæн, уый та лæууы зынаргъ, мæхи тыхтæй йæ нæ балхæндзæн æмæ мæ гæххæтыттæ бадæттон кредит райсынмæ. Кæд раст уарой фæрæзтæ, уæд дзы æнæхай хъуамæ ма фæуон", — дзуры лæг.

Анатолийы æрмадзæй рацæуы æртыкъахыг фынгтæ, бандæттæ, тæрхджытæ сынтæджытæ, скъаппытæ æмæ бирæ æндæр хæдзарон мигæнæн. Уый иугъуызон бындуронæй бавналы алкæцы куыстмæ дæр. Амæйразмæ уый сцæттæ кодта лæвар йе ʻмхъæуккаг, паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн — паддзахы къæлæтджын.

© Sputnik / Наталья АйриянАнатолийы арæзт къæлæтджын
Анатолий Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Анатолийы арæзт къæлæтджын

Уалдзæджы та уый рарастгæнæн колонийæн бацæттæ кодта 50 бандоны. Нæлгоймаг тырны райсын ноджы фылдæр заказтæ, цæмæй райса кусджыты дæр æмæ цæрджытæн фæзына куысты  бынæттæ.

"Нырма мæ цехы фæллой кæнын мæхæдæг иунæгæй, хаттæй-хатт мын феххуыс кæны мæ фырт. Фæлæ мæм стыр заказтæ куы цæуиккой, уæд мæ кредитон фæрæзтæ дæр нал бахъæуид. Ныр фидар кæнынц Донецкаг республикæимæ ахастытæ, уыдонмæ тæрс стæм у æмæ гъæдджын мигæнæн та алкуыдæр хъæуы. Бæргæ мын куы бантысид уыдонимæ сфидар кæнын бастдзинæдтæ", — дзуры йæ плæнттæ Анатолий.

Æмрæстæжы ма уый кусы Цхинвалы театры дæр хъæддæсныйæ, сценæйыл цы декорацитæ фæзыны, уыдон бындур дæр цæуы йæ къухтæй.

© Sputnik / Наталья АйриянГаглойты Анатолийы цех
Анатолий Гаглоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гаглойты Анатолийы цех
Ног хабӕртты лентӕ
0