Рæузæрдæ Додæ: студент, спортсмен, журналист æмæ хӕхтӕ уарзӕг

© Sputnik / Наталья АйриянАзамат Кулумбегов
Азамат Кулумбегов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен, журналист æмæ студент радзырдта сылгоймаджы идеал, уаз дин, æнтыст куыд сивын кæны йæ зæрдæ ног хъуыддагыл æмæ Sputnik-æн хæрзбоныл

ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хъуылымбегты Азӕмӕтӕн (Додæ) йӕ 20 азмӕ бантыст раивын спорты авд хуызы, сфӕлварын йӕхи Милицийы тагъд архайды къорды, авд аз снывонд кӕнын ирон кӕфтытӕн. Афтӕ ма ӕвзонг лӕппу слӕууыд арӕзтад ӕмӕ историйы дӕсныйӕдтӕ сахуыр кӕныны фӕндагыл, бацыд куыстмӕ радиомæ æмæ скодта законимæ æндыгъд ахастытæ. Уыййас фæндæгтыл Азӕмӕтӕн бантыст рацæуын престиссимойы темпы цæргæйæ.

Ивгъуыд бонты тырнынӕдтӕ Додӕйӕ айрох сты, ныр та уырнын кӕны, Дыгуры хӕхтӕ йӕ сӕхимæ кӕй ӕлвасынц ӕмӕ уым кӕй бӕллы рацӕрын, ссарын уӕздан рӕсугъд ирон чызджы ӕмӕ уыимӕ йӕ цард сиу кӕнын.

Тырнынад фыццаг ӕнтыстмӕ

Ӕвзонг лӕппу ног хъуыддаджы куыд рӕвдзӕй бахизы, йӕ зӕрдӕ дӕр йыл афтӕ тагъд сивы. Фӕндзӕм къласы иттӕг хорз нысӕнттыл ахуыргӕнгӕйӕ бамбæрста, уадиссаг зынӕй ахуыры дӕр ницы ис ӕмӕ йӕм йӕ ахаст фӕуӕлангай кодта. Ацы растӕг райдыдтой бирӕнымӕц спортивон секцитимӕ Додӕйы цыбыр "романтӕ". Фыццаг уал Азӕмӕт, куыд кæцыфӕнды спортивон ӕнтыстмӕ бӕллӕг ирон лӕппу, бацыд уӕгъдибар хъӕбысхӕсты секцимӕ тренер Коцты Тамерланмӕ.

"Хорз ӕнтыстытӕ мын уыд хъӕбысхӕсты, цы рӕстæг дзы цыдтӕн, уымӕ абаргӕйӕ, фӕлӕ мæ мад аскъуыддзаг кодта ӕмæ мӕ гауызӕй ирон кӕфтытӕм фæмидæг кодта", - мысы Азӕмӕт.

Ацы здӕхӕнӕн Азӕмӕт снывонд кодта абаргӕйӕ йӕ царды стыр гуырахст - ирон кӕфтытӕм цыд авд азы дӕргъы, фӕлӕ йæхи ныхӕстӕм гӕсгӕ, кафын нӕ базыдта.

© Sputnik / Наталья АйриянАзамат Кулумбегов
Рæузæрдæ Додæ: студент, спортсмен, журналист æмæ хӕхтӕ уарзӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Азамат Кулумбегов

"Мӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, уымӕн дзы нӕ уыд ӕнтыст дӕр. Стӕй ма цыдтӕн брейк-дансмӕ дӕр. Бацыдтӕн каратэмӕ. Уым дӕр бирӕ не ‘рфидар дӕн – ӕрмӕстдӕр аст мӕйы бӕрц цӕттӕ кодтон Созаты Владимирмӕ. Алцӕмæй дӕр тагъд афӕлмӕцын", - дзуры уый.

Уӕддӕр равзӕрстон спорт

Фӕлӕ иууыл ӕнувыддӕр разынд спортмӕ, кӕд иу хуыз иннӕмӕй ивта, уӕддӕр ын бантыст сӕххӕст кæнын спорты мастермӕ кандидаты норматив.

"Каратейы фæстæ та бацыдтӕн ӕмбуар хӕсты секцимæ Хъуылымбегты Мамедмӕ. Уыцы рӕстæджы ерыстӕм не ʻфтыдыстӕм, афтӕ нӕхицæн архайдтам", - дзуры спортсмен.

7-ӕм къласы ахуыры рӕстӕджы Азæмæт йæ сыхаг лӕппутимӕ сӕхицӕн самал кодтой спортивон зал. Цхинвалы, Дзуттӕгты кварталы иу къуымы сӕхицӕн скодтой тренировкӕты зал, ифтонгад ӕмбырд цыд мургай - советон дугӕй баззайгӕ ӕфсӕн цӕлхытæ, цыдæртæ рацырхтой æндæр залӕй æмæ сæхицæн скодтой уæззау атлетикæйы хатæн.

Дыгургом - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд мӕ фӕивтой хӕхтӕ

"Нӕхицӕн зал скодтам. Уыдтӕн 7-ӕм къласы ӕмӕ уæд æдзӕттӕйӕ фыццаг хатт систон 100 кг уӕз хуысгӕйӕ. Уыййас стыр нӕ уыдтӕн асӕй ӕмӕ адӕмы дисы ӕфтыдта ацы ӕнтыст ӕмӕ мӕхи сыхы чысыл хъайтар хатыдтӕн", - æрымысыд Додæ.

Уый фæстæ та лæппуйы йæ монцытӕ асайдтой йе ʻмгар Уалыты Таймуразы фæстæ Мидхъуыддæгты министрады тагъд архайды къордмæ.

"Дыууæ азы цæттæ кодтам мах нæхи тагъд архайды къорды (СОБР) Тедеты Сосланмӕ. Тынг карз режимы цæттæ кодтам. Фарастæм къласæй бацыдтæн боксмæ, уым мæ рахатыд дзæнæттаг тренер Кокойты Дзамболат æмæ райдыдта мемæ кусын. Фæлæ, хъыгагæн, скъола куы фæуд кодтон, уæдмæ мæ тренер трагикон æгъдауæй фæмард æмæ æз дæр боксыл мæ зæрдæ сивтон", - загъта Азæмæт.

Сахуыр кӕнын дӕр ацархайдтон

Дарддӕр – цымыдисондӕр. Скъолайы фӕстӕ Азӕмӕт йæ ных сарæзта Цӕгат Иры Хæххон-металлургон институты "Хæдтулгæты фæндæгтæ æмæ аэродромты арæзтады"-ы факультетмæ. Ахуыры рæстæджы ма лæппу Цæгат Ирыстоны боксы зындгонд тренертæ Сланты Виталий æмæ Плиты Робертмæ бацыд, фæлæ дзы иумæ дæр не ʻрфидар.

"Ныууагътон уый адыл бокс дæр. Ахуыры рæстæджы бамбал дæн, законæн уадиссаг чи нæ кад кодта, ахæм къордимæ. Райсом-иу иу лекцийыл абадтæн, стæй ме ‘мгæрттимæ цыдыстæм "рæстдзинад тауынмæ". Нæ хъуыдымæ гæсгæ, йæхи раст чи нæ дардта, уыдоны-иу "рацагътам". Нæ бон иу куы цъæхтимæ балхынцъ кодам, куы та милицийы, фæлæ мæм уæд мæ архайд раст каст", – худы лæппу.

Уый адыл Додӕйыл сбадт къæбæдайы ном æмæ æппæт фыдракæндтæ дæр ууыл æвæрдтой. Æмæ та ныууагъта йæ ахуыр дӕр æмæ 2017-æй фæстæмӕ ӕрцыд Хуссармæ, бацыд ахуырмæ ХИПУ-мæ историкон факультетмæ. Уый фæстæ бахауд аварийы æмæ фондз мæйы дæргъы йæхи фидар кодта. Уӕдмӕ, паддзахадон нывæзтмæ гæсгæ, столицæйы кæцыдæр районты фæзынд спортивон залтæ, уыдон нымӕцы Азӕмӕты районы дӕр, æмæ та лӕппу раздæхт спортмæ. Цалдæр мæймæ уый райста спорты мастеры кандидаты ном 185 кг сисгæйæ.

Спорты мастермӕ кандидаты ном

"Бацыдтæн залмæ ӕмӕ 7-æм къласы цы 100 кг истон, ууыл дæр нал тых кодтон. Цыппар мæймæ фæйнæрдæм фæцыдтæн, уæзтæ æнцонæй исын райдыдтон æмæ ацыдтæн пауэрлифтингӕй Цæгат Кавказы ерыстæм, цæмæй райсон спорты мастермæ кандидаты ном. Фæлæ уым цыдӕр "сылкъи" лæппуты куы федтон, уæд мæ сæрмæ афтид кандидаты ном нал схастон æмæ фыццаг бынат дæр рамбылдтон", - радзырдта Додӕ.

Рæсугъд уисæнгæнæг чызг

Хъуылымбегты Азæмæт йæхицæн сныв кодта йæ фидæны цардæмбалы сурæт. Уый хоны æрдзæй рæсугъд, коммæгæс æмæ ахорæнтæй чи нæ пайда кæны ахæм нарæгастæу гуырвидыц.

"Хъуамæ уа рæсугъд æмæ коммæгæс. Мæ цардӕмбалӕн куы зæгъон, цæхх адджын у, уæд мæ хъуыдыйыл хъуамæ сразы уа", - нырма фидарӕй уырны Азæмæты.

Хæхтæ лвасынц

Цалдæр мæйы размæ Азæмæт райдыдта кусын радиоамонæгæй. Ног куыстмæ зæрдæрардæй бавнæлдта, фæлæ йæ фыдбылызæн уыцы рæстæг студентты къордимæ афæндараст ис Дыгургоммæ. Уырдыгæй та лæппу ногæй "бауарзæг"-æй æрæздæхт. Ныр та йæ зæрдæйы æрфысым хæхтæм уарзт æмæ лæппу фæрсæгты цурты йæ риу хойгæ рауай-бауай кæны "хæхтæ- хæхтæ".

© instagram/Азамат КулумбеговХъуылымбегты Азӕмӕт
Рæузæрдæ Додæ: студент, спортсмен, журналист æмæ хӕхтӕ уарзӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуылымбегты Азӕмӕт

"Горæты цард мын снæад ис, æз уæддæр ацæудзæн хæхтæм. Æз хъуамæ Дыгургомы рацæрон, ам æппæт дæр у куыд нæ раг фыдæлты нывыл æхсæнады – уаз дин, хæххон цард, алæмæттаг æрдз, рæсугъд æгъдауджын сылгоймæгтæ", - балхынцъ кодта уый.

Уый адыл та радиойы куыстӕн дӕр хӕрзбон загъта Додӕ… Дарддӕр ӕй кӕдӕм аппардзӕн йӕ хъысмӕт – уый нырма бӕрӕг нӕу, фӕлӕ йын ахӕм темптӕй, ӕвӕццӕгӕн, ноджы истытӕ бантысдзӕн царды.

Ног хабӕртты лентӕ
0