Раритет, уазӕгдон, абана ӕмӕ фæлтæхæг маргъ: цӕмӕй ӕлвасы улӕфон зонӕ "Шад"

© Sputnik / Наталья АйриянУлӕфон зонӕ "Шад"
Улӕфон зонӕ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цъунары цады цур Тедеты бинонтæ бындур æрæвæрдтой сæ улæфæн комплекс "Шад"-æн, бардарджытӕ уазджытӕм сидынц маргъ ӕмӕ тӕрхъуысы физонӕгмӕ

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Тедеты бинонты улæфæн комплекс "Шад" цӕттӕ у улӕфджытӕ ӕрфысым кӕнынмӕ. Уазджытӕ ам фендзысты алыхуызон фæлтæхæг маргъ, тъиуийыл атезгъо кӕндзысты, хӕдзарон карк, бабыз, цицыр ӕмӕ тӕрхъусы фыдӕй физонӕгӕй аминас кӕндзысты.

Бардарджытӕ цы лӕггӕдтӕ ӕнхъарынц, уыдонӕй фылдӕр та сӕм ис аразинӕгтӕ – ам фӕзындзӕн уазӕгдон, уырыссаг абана, маргъдӕттӕ, дыргъдӕттӕ ӕмӕ бæрзбæласдон.

Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы — Знауыр æмæ Цхинвалы районты астæу Цъунары цады цур Тедеты бинонтæ бындур æрæвæрдтой сæ улæфæн комплекс "Шад"-æн цалдӕр азы размӕ. Цады цур фæтæн тыгъдады ис сывӕллӕтты фӕзуат, ам ӕрбынат кодтой ӕнахуыр фæлтæхæг маргъ - хърихъуппытæ, пеликантæ, уынгты тезгъо кӕнынц кӕрчытӕ, кæсагластӕ, индобабыз ӕмӕ тӕрхъустӕ. Ам дзӕнӕттаг бынат у хъӕууон цардыл чи æрхæндæг кӕны, уыдонӕн.

Раритет бизнесы размӕцыдӕн

Тедеты Василий йӕ зӕнӕгимӕ ӕдзух цӕрынц ам. Сӕ бизнесы размӕцыд къуыхцы кӕнынц доны цухдзинад ӕмӕ финансон фӕрӕзтӕ.

"Дон ласӕм горӕтӕй. Ныфс нын ӕвӕрынц кӕй скъахдзысты цъай ӕмӕ уӕд нӕ хъуыддаг размӕ ацӕудзӕн. Фӕнд кӕнӕм саразын уырыссаг абана, уый ӕнӕниздзинадӕн у тынг хорз, фӕлӕ уымӕн дӕр ӕнӕдон уӕвӕн нӕй", - загъта Тедеты Василий.

Цадмӕ хӕстӕг сӕвзӕрд ӕнахуыр уазӕгдон пирамидæйы формӕйы. Йӕ арӕзтад къуыхцы кӕны финансон фарст, фӕлӕ сӕ бизнесы размӕцыды ныфсытӕ бӕттынц раритетон 1961 азы Волгаимӕ.

© Sputnik / Наталья АйриянУлӕфон зонӕ "Шад"
Раритет, уазӕгдон, абана ӕмӕ фæлтæхæг маргъ: цӕмӕй ӕлвасы улӕфон зонӕ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улӕфон зонӕ "Шад"

"Ацы хӕдтулгӕ нын куы ауӕй уа, уӕд уымӕй нӕ хъуыддаг размӕ ацӕуид. Ис ӕй фӕрсджытӕ, ӕлхӕнӕг дӕр кӕд фӕзынид", - бафтыдта Василий.

Адӕмон сæрæлвынæг, дыккаг, Афтойы фӕстӕ

"Шад"-ы хицау Тедеты Василий советон рӕстӕджы фӕкуыста агрономӕй, Цӕдис куы ныппырх, уӕд йӕ дӕсныйад фӕнӕхъуаджы ис ӕмӕ нӕлгоймаг ныххӕцыд ног профессийыл – райдыдта сӕртӕ ӕлвынын.

© Sputnik / Наталья Айриян"Шад"-ы бардарӕг Тедеты Василий
Раритет, уазӕгдон, абана ӕмӕ фæлтæхæг маргъ: цӕмӕй ӕлвасы улӕфон зонӕ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Шад"-ы бардарӕг Тедеты Василий

"Бирӕ ӕзтӕ дӕргъы фӕкуыстон Ателье ӕмӕ Цардуавæрты хӕдзары. Зындгонд сæрæлвынæг Афтойы фӕстӕ дыккаг "мӕгуырты мастер" уыдтӕн ӕз. Ацы бизнесыл куы ныххӕцыдтӕн, уӕд уыцы куыст ныууагътон, фӕлӕ мӕ уӕддӕр мӕ клиенттӕ нӕ рох кӕнынц ӕмӕ мӕм ардӕм дӕр цӕуынц", – зӕгъы Василий.

Улӕфджытӕ, лӕггӕдтӕ ӕмӕ фосдард

Тедеты бинонтӕ фæнд кæнынц Цъунары цадæй Хуссар Ирыстоны улæфæн индустрийы центр скæнын. Ам уал æвæрд æрцыдысты сæрдыгон мæнгагъуысттæ, фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц хӕдзарон фос.

"Мӕнгагъуысттӕ чысыл Леуахийы былыл вӕййы 1 000 - 1 500, мах сӕ ӕрфысым кӕнӕм 500 сомыл. Уый бӕрц адӕммӕ ӕхца дӕр кӕм ис. Развӕлгъау нызаказ кӕнӕн ис физонӕг ӕмӕ фынгмӕ ӕндӕр хӕринаг. Карк нӕм ис тӕргъуы ӕмӕ ӕндӕр маргъ, клиенты куы бафӕнды, уӕд ын суанг уӕрццдӕр самал кӕнӕм", - банысан кодта хицау.

© Sputnik / Наталья АйриянУлӕфон зонӕ "Шад"
Раритет, уазӕгдон, абана ӕмӕ фæлтæхæг маргъ: цӕмӕй ӕлвасы улӕфон зонӕ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Улӕфон зонӕ "Шад"

Улӕфӕн зонӕйы ныридӕгӕн сӕрибарӕй тезгъо кӕнынц кӕрчытӕ ӕмӕ ӕндӕр маргъ. Уазджыты уарзон гӕды. Фондз хицӕн хатӕнты цӕрынц тӕрхъусы къӕйттӕ, лӕппынтӕ сты иумӕ "сабидоны".

"Аразӕм фермӕ, науӕд нын нӕ маргъмӕ рувас цӕрдӕг лӕууы ӕмӕ дзы фӕтары кӕны. Бӕстыхай куы сырӕза, уӕд маргъы мыггаг дӕр фӕфылдӕр уыдзӕн", - загъта уый.

Ныридӕгӕн уал Тедеты улӕфӕн зонӕйы арӕх уазджытӕ сты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ, фӕаразынц дзы чындзӕхсӕвтӕ дӕр.

"Ӕфсӕддонтӕ ам скувынц сӕ ног цинтӕн, горӕтӕй ӕддӕйӕ баулӕфынмӕ фӕуазӕг вӕййы Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Иры Марат Кулахметов, аразынц нӕм чындзӕхсӕвтӕ дӕр", - радзырдта ма Василий.

© Sputnik / Наталья АйриянУлӕфон зонӕ "Шад"
Улӕфон зонӕ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Улӕфон зонӕ "Шад"
© Sputnik / Наталья АйриянУлӕфон зонӕ "Шад"
Улӕфон зонӕ Шад - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Улӕфон зонӕ "Шад"
1/2
Улӕфон зонӕ "Шад"
2/2
Улӕфон зонӕ "Шад"
Ног хабӕртты лентӕ
0