Гæззаты Иван - ӕрмдӕсны ӕмӕ сабиты фыссӕг

© Sputnik / Лейла Дриаты Ӕрмдӕсны ӕмӕ журналист Гæззаты Иван
Ӕрмдӕсны ӕмӕ журналист Гæззаты Иван - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гӕззаты Иваны конд хъæдæрмæгӕй сувениртæ фенӕн ис йӕ хӕлӕртты кабинетты, ныр та уый йӕ куыст бавдыста горæты æрбахизæны "Алайнаг кулдуар" саразыны конкурсмӕ

ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Уацхӕссӕг, ӕрмдӕсны ӕмӕ фыссӕг Гæззаты Иван йӕ цард сбаста цалдӕр дæсныйадимӕ – уацтӕ фыссы бынӕттон газеттӕй иуы, йӕ аргъау бацыд райдиан кълæсты ахуыргӕнӕн нывӕзтмӕ, йӕ къухтӕй та цӕуы диссӕгтӕ.

Гæззаты Иваны йæ хъысмæт ахаста Кæройнаг Цæгатмæ горæт Норильскмæ. Кусын райдыдта ацы горæты Хæххон-металлургон компани "Норильский никель"-ы. Фондз азы бæрц бакуыста аппараттæм хъусдарæгæй, стæй та - сменæйы мастерæй. Компанийы коллектив æй райстой тынг хорз, раст цыма семæ рагæй зонгæ уыд, ахæм хъарм ахаст æм дардтой иууылдæр. Фæлæ йын фыдæлты уæзæг æнцой нæ лæвæрдта æмæ фæстæмæ æрæздæхт йæ уарзон Ирыстонмæ. 2012 азы йæ газет "Хурзæрин"-ы раздæры редактор Гæбæраты Юри фæхуыдта кусынмæ ацы газеты культурæйы хайады редакторæй æмæ абоны онг дæр кусы ацы бынаты.

© Sputnik / Лейла ДриатыГæззаты Иваны куыст
Гæззаты Иван - ӕрмдӕсны ӕмӕ сабиты фыссӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæззаты Иваны куыст

Цæмæй газеткæсæг объективон информаци иса, уый тыххæй журналист хъуамæ принципиалон уа. Æмæ Иван та у фыццаджыдæр йæ хъуыддаджы дæсны. Йæ бацæттæгонд æрмæгæй алкæйы зæрдæ дæр ссары.

Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр æмæ Гæззайы фырты фыст аргъау "Йæ зивæджы йæ мæлæт" æмæ радзырд "Аланы къæбыла" хаст кæй æрцыдысты райдиан кълæсты ахуыргæнæн чингуытæм. 2013 азы Гæззайы фыртæн мыхуыры рацыд публицистон уацты чиныг "Стъæлфæнтæ" æмæ 2017 азы та - "Радзырдтæ сывæллæттæн".

© Sputnik / Лейла ДриатыГӕззаты Иваны куыст
Гæззаты Иван - ӕрмдӕсны ӕмӕ сабиты фыссӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕззаты Иваны куыст

Куысты исты асаст, исты базилын хъæуы, зæгъгæ, уæд æппæты фыццаг æмкусджытӕ фæагурынц Иваны.

Иван æрмæст хорз журналист нæу, хæрзчысылæй бауарзта æрмдæсныйы куыст дæр.

"Скъахтон-иу зæронд хус бæлæсты уидæгтæ æмæ-иу сын радтон цæрæгойты, сырдты, мæргъты, адæймæгты формæ. Бæлæсты къалиутæй-иу сарæзтон алыгъуызон сувениртæ. Стыр æхцондзинад истон хъæдæрмæгимæ архайынæй", - дзуры Иван.

Иу ахæмы йæ бафæндыд хъæдæрмæгæй хъæууон хæдзары макет саразын, уый фæстæ та аргъуан, стадионы макеттæ, телеуынынады бæстыхайы халдих æмæ бирæ æндæр макеттæ саразын. Нæ республикæйы администраци расидт конкурс горæты æрбахизæны "Алайнаг кулдуар" саразыны тыххæй. Гæззаты Иван ацы конкурсмæ бавдыста йæ макеты ныв. Ныфс нæ ис Иваны куыст конкурсы аккаг бынат кæй æрцахсдзæн, уымæй. Иннæ ахæм ма Иваны къухтæй арæзт скъаппытæ, стъолтæ, алыгъуызон цæрæгойты сувениртæ фенæн ис нæ редакцийы иуæй-иу кабинетты.

© Sputnik / Лейла ДриатыГӕззаты Иваны куыст
Гӕззаты Иваны куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Гӕззаты Иваны куыст
© Sputnik / Лейла ДриатыГӕззаты Иваны куыст
Гӕззаты Иваны куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Гӕззаты Иваны куыст
1/2
Гӕззаты Иваны куыст
2/2
Гӕззаты Иваны куыст
Ног хабӕртты лентӕ
0