Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæридтаты комы ивгъуыд æнусы цард 14 хъæуы, ныр ам æрфысым сты хъæддаг сырдтæ, фæлæ Дауджыты кувæн къуырийы æдзæрæг хъæутæм æрæмбырд вæййынц Багаты мыггаджы минæвæрттæ Ирыстоны цæгатæй æмæ хуссарæй

ЦХИНВАЛ, 24 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Къуыдаргомы Сæридтаты хъæуы Багаты мыггаг бавнæлдтой национ динон бæрæгбон - Дауджытæм бæгæны рагон ирон æгъдаумæ гæсгæ цæттæ кæнынмӕ. Мадзалӕй рауад ӕцӕг бӕрӕгбон – фӕхуыдтой йӕм уазджыты, се 'хсӕн уыдысты журналисттӕ дӕр.

Ирон бæгæны

Ирыстоны æппæт къуымты бæгæны цæттæ кæнынц алы ран дæр, фæлæ дзы алкæцы комæн дæр, æгæрыстæмæй, алкæцы æфсинæн дæр ис йæхи рецепт. Бæгæнымæ райдыдтой æфтауын сæкæр, дзул, алыгъуызон дыргътæ æмæ ахорæнтæ. Æрмæст ма Сӕридты комы 2014 азæй фæстæмæ сног кодтой Дауджыты бонмæ ирон бæгæны рагон æгъдаумæ гæсгæ аразын.

"Ацы комы 600 азы дӕргъы цæрынц Багаты мыггаг æмæ уæдæй нырмæ афтæ аразынц бæгæны. 64 хæдзары цард æрмæст Сӕридтаты хъæуы. Ирон бæгæны аразæм, нæ фыдæлтæ куыд арæзтой, афтæ – æрмæст дæр зад æмæ хуымæллæгæй. 10 азы дæргъы бæгæны фыхтам бындæр æвæрд хъæу Кæрдоджыны. Фӕлӕ стӕй аскъуыддзаг кодтам ардæм фæндаг саразын æмæ фыдæлты æгъдаумæ раздæхын", - радзырдта Sputnik Дзуары лæг Багаты Нугзар.

Аразджытæн бæгæны фыцынæн ис сæрмагонд мигæнæн – æрхæн бæрцуат, цæуы йыл 180 азы, йæ уæз хæццæ кæны 300 кг онг.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæридтаты ком

Бæгæныхсидджыты уырны, ам канд пропорцитæ раст сбарын кӕй нæу сæйраг, фæлæ ма зæдтæм скувыны æгъдау дӕр. Стæй ма ритуалон нозт аразджытæн фыддзыхæй дзурыны бар нæй. Рагзаманты Багаты мыггаг бæгæныфыцджытæм æввахс нæ уагътой сæ чындзыты дӕр.

"Бæгæны аразӕм цалдæр боны. Фыццаг сфыцæм зад доны, дыккаг бон æй ныффæрсудзæм. Ам дæр пайда кæнæм рагон мигæнæнæй, сасир баивæм хъæмпджын тæсчъытæй. Уый фæстæ æнхъæлмæ кæсæм йæ сынхъизынмæ, нæ йæм æфтауæм æнхъизæн дæр – æрмӕстдæр дон, хуымæллæг, адджындзинад ын радты зад. Ӕфтауæнтимæ Нарты бæгæны нал у", - бафтыдта уый.

Нозт сцæттæ кодтой хуыцаубонмæ, 23 июньмæ – Дауджыты бонмӕ. Уæд нозтæн йæ сæртæй сисынц æмæ дзы схæссынц Рагъы кувæндонмæ.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæридтаты ком

"Дзуары лæг бæгæныйы сæртæ хуыцаубоны аннæ кувинæгтимæ схæссы Рагъы кувæндонмæ иунæгæй. Уым уый ракæны авд куывды – авд зæды иу кæны Дауджыты бæрæгбон. Аст азы размæ мæн сæвзæрстой Дзуары лæгæй æмæ уæдæй нырмæ ацы бæрн æххæст кæнын æз", - зæгъы Нугзар.

Авд зæдмӕ кувæн бон ӕмӕ Багатӕ

Бæрæгбонмæ сæ фыдæлты цæрæнуæттæм æрæмбырд вæййынц адæм Ирыстоны хуссарæй æмæ цæгатæй, фӕсарӕнтӕй. Дауджыты бон иу кæны авд зæды - Рагъы, Хъугомы, Сагъраты, Майрæмы, Батлон, Хуссары æмæ Тибы. Уыдонæн сæ кувæндæттæ æвæрд сты хохы бæрзæндтыл. Тибы кувæндон аззад æфцæджы фаллаг фарс, уырдыгæй бирæ æнусы размæ хуссарæрдæм рацыдысты Багаты мыггаг.

"Мамысаты комы Тибы цардысты ӕртӕ мыггаджы, се 'хсӕн Багатӕ дæр. Тиб дæр уымæн хуыйны – Тедетæ, Икъотæ æмæ Багатæ. Иу зæд дзы æфцæджы фалийæ аззад, фæлæ мах кувæм авд зæдæн дæр. Сæйраг дзы у Рагъы зæды кувæндон, уым скувæм Дауджыты боны", - бафтыдта мыггаджы минæвар.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæридтаты ком

Уый радзырдта, зӕгъгӕ, Дауджыты бæрæгбонмæ адæмы куыд æрхонынц, уый æмрæнхъ ма кувæн бонмæ зæдтæ дæр фӕхонынц кæрæдзи.

"Дауджыты авд зæды кувæн боны размæ æхсæв кæрæдзимæ фæтæхынц. Кувæндæтты сæрмæ фенæн вæййы æнахуыр змæлгæ рухсытæ, уыдон Рагъы дзуары ʻрдæм фæтæхынц. Хистæртæ-иу фæдзырдтой, авд зæды кӕй æмбырд кæнынц Дауджыты бонмæ", - радзырдта бæгæныфыцджытæй иу.

Хъаугъайаг аргъуан æмæ ног кувæндон

Сæридтаты хъæуы тæккæ астæу ис Дауджыты авд зæдтæй иу - Хъугомы кувæн бынат. Бæласы аууоны егъау дурмæ фæцæуынц адæм сæхи фæдзæхсынмæ.

"Хъугомы зæды бон вæййы Майрæмкуадзæны размæ цыппæрæмы. Ам кусарт акæнæм æмæ фæфæдзæхсæм нæхи", - зæгъы Нугзар.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæридтаты ком

1886 азы, Кавказы чырыстон дин парахат кæныны оххыл сфæнд кодтой саразын алы хъæуы дæр аргъуантæ. Сæридтаты аргъуанæн бынат снысан кодтой Хъугомы зæды кувæндоны цур. Уæд ацы хъуыддаджы ныхмæ растадысты хъæуы цæрджытæ, се ʻхсæн бацайдагъ ис хæст, иууыл цæхгæр ныхмæлæуджытæ æрцыдысты ахст.

"Растджытæй 22 адæймаджы æрцахстой æмæ сæ ныппæрстой Гуры ахæстоны, уыцы бынат бирæ рæстæг хуыдтой Багаты ахӕстон. Ацы адæмæй ма ахæстонæй раирвæзт æрмæстдæр дыууæ лæджы, уыдон дæр 18 азы фæстæ, аннæтæ фыдцардæй æмæ фыдудæй амардысты. Уымæ гæсгæ, аргъуан адæм не ʻруарзтой æмæ йæм нæ цыдысты. Ивгъуыд ӕнусы 90-æм æзты зæххæнкъуысты уый ныппырх ис", - радзырдта Нугзар.

Хъугомы зæды кувæн бынаты ныр Багаты мыггаг фæнд кæны саразын ног кувæндон.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæридтаты ком

"Мыггаг æрæмбырд кодта фæрæзтæ ам Хъугомы зæдæн кувæндон самайыны тыххӕй, егъау æххуыс бакодта Багаты Хъазбег", - загъта Багаты Славик.

Фæдисы æмæ циндзинады дзæнгæрæг

Багаты мыггаджы къухы цы цымыдисон мигæнæнтӕ ис, уыдонæй ма иу у 1896 азы арӕзт егъау дзæнгæрæг. Дзæнгæрæгӕн уый бæрц тых ис æмæ йæ зæлланджы хъæр хъуыст Сæридтаты хъæуæй суанг Гуфтайы онг.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Ирон бæгæны, авд зæды æмæ Багатӕ: цæмæй лвасы йӕхимӕ Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сæридтаты ком

Йæ цагъдмæ гæсгæ адæм æмбæрстой, фыдбылыз æрцыд комы æви циндзинадмæ сиды зæлланг.

"Хицæн цагъд уыд цин æмæ фыдбылызæн. 1932 азы, 28 февралы æхсæв Замтареты хъæуы Джуссойты мыггаджы фæласта зæй. Ацы бæллæхы тыххæй дæр фæдис ныццагътой дзæнгæрæджы. Бæллæхы ма аирвæзт æрмæстдæр авдæны лæппу. Йæ фарсмæ та йын æгъдаумæ гæсгæ куывдæн хъомыл кодтой фыр. Уыцы дыууæйы ма зæйы бынæй фервæзын кодтой фæдисонтæ. Уыцы артдзӕсты фæдонтӕй иу уыд Нафи дæр", - банысан кодта Багаты Нугзар.

Сæридтаты комыл, Транскамы фæзынды агъоммæ, цыд Кавказы æфцæгыл æртæ фæндагæй астæуккаг. Ивгъуыд æнусы ацы комы цард йæ былтæй калд - бæрзонд хæххон бынæтты цæфхады формæ арæзтой 14 хъæуы, цы ран цардысты фылдæр бæрцæй Багаты мыггаг. Ныр ам фысымтæ сты хъæддаг сырдтæ, 14 хъæуæй ма æрмæст цыппары ис стæм цæрджытæ. Раздæры нæргæ хъæутæй ма аззад мæсгуыты æмæ кувæндæтты кæлæнтæ æмæ цæрæнуæтты бынæттæ. Фæндаджы фæд ма зæрдыл дары, ацы бынæттæ раздæры цæрджыты фæдонтæ нырма кæй нæ рох кæнынц.

© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
Сæридтаты ком
© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7
Сæридтаты ком
© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/7
Сæридтаты ком
© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/7
Сæридтаты ком
© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/7
Сæридтаты ком
© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/7
Сæридтаты ком
© Sputnik / Наталья АйриянСæридтаты ком
Сæридтаты ком - Sputnik Хуссар Ирыстон
7/7
Сæридтаты ком
1/7
Сæридтаты ком
2/7
Сæридтаты ком
3/7
Сæридтаты ком
4/7
Сæридтаты ком
5/7
Сæридтаты ком
6/7
Сæридтаты ком
7/7
Сæридтаты ком
Ног хабӕртты лентӕ
0