Нæ йын бантыст цæрын: Иры хъайтар Мæлдзыгаты Сослан нысан кæнит абон йæ 30-азон юбилей

© Из архива семьи МалдзиговыхМæлдзыгаты Сослан
Мæлдзыгаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2008 азы августы Гуырдзыйы ӕфсад Ирыстоны арæнтыл куы рбафсæрста, уæд милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды лæппутæ, Мæлдзыгаты Сослан дӕр семæ, афтæмæй лӕууыдысты иууыл тæссагдæр æмæ бæрнондæр бынæтты

ЦХИНВАЛ, 2 июл  — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны ӕдзард хъайтар, 2008 азы ирон-гуырдзиаг хӕсты фӕмардуæвæг æвзонг лæппу Мæлдзыгаты Сосланыл абон, 2-æм июлы сæххæст уыдаид 30 азы. Ныр уыдаид йæ тæккæ лæджы кары. Уыдаид ын цот дæр. Раздæрау уарзон æмæ ныфс уыдаид канд бинонтæн, хиуæтæн, сыхæгтæн нæ, фæлæ ма бирæ цы æмкусджыты уарзта, уыдонæн дæр.

"Мæ кæстæр æфсымæр Сосик гыццылæй фæстæмæ бæллыд барадхъахъхъæнæг органты кусынмæ. Уымæн æмæ дам уыдон алыхатт дӕр февзæрынц тæссаг бынæтты. Æцæг лæг та хъуамæ тæссаг ранмæ цæуынмæ йæ ныфс хæсса, мацæмæй тæрса", - мысы Сосланы хистæр хо Ванда.

2008 азы августы Гуырдзыйы ӕфсад Ирыстоны арæнтыл куы рбафсæрста, уæд РХИ МХМ милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды лæппутæ, Мæлдзыгаты Сослан дӕр семæ, афтæмæй лӕууыдысты иууыл тæссагдæр æмæ бæрнондæр бынæтты. Гуырдзиаг тыхгæнджытæ Знауыры ‘рдыгæй Цъунары хъæумæ ‘рбахызтысты æмæ уым бæстыл арт бафтыдтой, стæй сæ ных сарæзтой Тъбеты хъæумæ.

© Из архива семьи МалдзиговыхМæлдзыгаты Сослан йæ хæстон æмбалимæ
Нæ йын бантыст цæрын: Иры хъайтар Мæлдзыгаты Сослан нысан кæнит абон йæ 30-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæлдзыгаты Сослан йæ хæстон æмбалимæ

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд адих цалдæр чысыл дӕлкъордыл æмæ бацахста Тъбеты хъæуы æрбацæуæнтæ. Мæлдзыгаты Сосланы къордмæ æрхауд иууыл зындæр позици. Тыгъд быдыры нæ уыд иунæг бæлас, иунæг къутæр дæр, сæхи кæм бааууон кодтаиккой, ахæм.

Хæцæнгæрзтæй та сæм уыд æрмæстдæр цалдæр автомат, дыууæ гранатæхсæны æмæ иу БТР. Æнхъæлдтой, знаг сæм быдырæй æрбацæудзæн æмæ бацахстой йæ ныхмæ фæлæууынæн хуыздæр позицитæ. Фæлæ æнæнхъæлæджы сосæвæндагыл æрбафсæрстой Гуырдзыстоны фистæг æфсад. 25 танчы бæрц, алыгъуызон бронетехникæ æмæ æндæр, нырыккон америкæйаг æфсæддон фæрæзтæ фенгæйæ, лæппутæ сфæнд кодтой: хъуамæ сæ æруромæм исты амæлттæй.

© Из архива семьи МалдзиговыхМæлдзыгаты Сослан
Нæ йын бантыст цæрын: Иры хъайтар Мæлдзыгаты Сослан нысан кæнит абон йæ 30-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæлдзыгаты Сослан

Бацыдысты æнæмсæр тохы æмæ се ‘мбæхсæнтæй райдыдтой æхсын знаджы танчыты. Мæлдзыгаты Сослан цы къордимæ баззад, уыдонæн командæгæнæг уыд Бежанты Алан. Уый бæргæ æмбæрста, лæппуты ныхмæлæуд æнæхъуаджы кæй у, иу ахæмы бардзырд дæр радта, цæмæй фæстæмæ алæууой æмæ сæхи бахъахъхъæной, фæлæ сæ знаджы танк чъылдымæрдыгæй фехста.

Козаты Лев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Козаты Левӕн нӕ бантыст цӕрын, хъазын, уарзын

Ацы тохы уыцы иурæстæджы фæмард сты лæппутæй цыппар - Мæлдзыгаты Сослан, Къæбысты Алан, Санахъоты Алан æмæ Быценты Гайоз.

Уый адыл баталынг 20-аздзыд Сосланы бон…  Йе ‘мгæрттæй сæ иу куыд радзырдта, афтæмæй Сослан милицимæ куыстмæ куы цыд, уæд бамбæхста йæ æзтæ.

"Куыд æмæ цы хуызы бамбæхста Сослан йæ азтæ  уæд, уый абон дæр бæрæг нæу. 15-аздзыд лæппуйы Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды рæнхъытæм ничи айстаид, кæд цыфæнды тыхст дуг уыд, уæддæр. Æниу йæ азтæ кæд цъус уыдысты, уæддæр уыд уæззау зонды хицау. Йæ ныхас кæддæриддæр бынаты, иу æнæуаг ми аразгæ дæр æй никуы федтон. Диссаг та хæцæнгарзимæ куыд рæхст, уый уыд", - дзуры Сосланы æмгар.

Уый ма банысан кодта, æвзонг лæппу кæддæриддæр цæттæ кæй уыд цыфæнды зын хæс сæххæст кæнынмæ дæр.

"8-æм августы дæр Тъбеты æрбацæуæн иууыл тæссагдæр бынæттæй сæ иу кæй уыд, уый æнæмбаргæ нæ уыд. Фæлæ йæхи нæ бааууон кодта. Уый нæ, фæлæ тох кодта фæстаг туджы æртахы онг. Цыппарæй уыцы иу рæстæг бабын сты", - мысы лæппу.

Аскъуыд Сосланы æвзонг цард, йæ фæстæ æрдиаггæнгæ ныууагъта йæ бинонты æмæ йе ‘мгæртты, фæлæ ма дыккаг мардæрцыд та уый уыд, æмæ цы зæххы сæраппонд тох кодта,  уым ын йæ зиан бавæрыны фадат дæр нæ радтой.

Абон дæр Мæлдзыгаты Сосланæн йæ ингæн ис Цæгат Ирыстоны, Михайловскы хъæуы уæлмæрды.

© Из архива семьи МалдзиговыхМæлдзыгаты Сосланы ингæн
Нæ йын бантыст цæрын: Иры хъайтар Мæлдзыгаты Сослан нысан кæнит абон йæ 30-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Мæлдзыгаты Сосланы ингæн
Ног хабӕртты лентӕ
0