Уынгты хæрзарæзт VS бæлæсты куынæг

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæстаг æзты Цхинвалы уынгты хæрзарæзтадæй зæрдæ рухс кæны. Ивынц донифтонгад æмæ канализацийы хæххытæ, арæзт цæуынц электрон рухсытæ, светофортæ æмæ фæндагон змæлды нысæнттæ

ЦХИНВАЛ, 12 авг — Sputnik, Дриаты Лейла. Уынгтæ гъæдджынæй бæргæ арæзт цæуынц, фæлæ сæ иуæй-иутæ быгъдæгæй кæй баззайынц, уый зæрдæ бацагайы. Аразджытæ зæххыбын инженерон-коммуникацион куыстытæ куы фæкæнынц, уæд ракалынц, уынджы цы фидауцтæ – бæлæстæ лæууы, уыдон. Афтæмæй та бирæ æзты, ацы сусхъæдтæ, тæгæр бæлæстæ æмæ кедртæ сæрды æнтæфты æмæ зымæгон бонты дæр адæмæн уыдысты ахъаз, æрмæст аууон нæ дардтой, фæлæ ма сыгъдæг кодтой уæлдæф дæр.

© Лейла ДрияеваБыгъдæг уынг
Уынгты хæрзарæзт VS бæлæсты куынæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Быгъдæг уынг

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд загътой, афтæмæй уынг капиталонæй арæзт куы цæуа, уæд бахъыгдард вæййынц бæлæсты уидæгтæ. Уидаг куы бахъыгдард вæййы, уæд цадæггай райдайы хус кæнын æмæ гæнæн ис рафæлдæха. Дæнцæгæн æрхæссæн ис ивгъуыд аз Октябры уынджы райдианы рафæлдæхæг стыр бæлас. Уæд удзиан не ‘рцыд, йæ быны æрмæст машинæ ныцъцъæл кодта.

"Цæмæй уыцы цау фæлхатт ма æрцæуа, уый тыххæй калд цæуынц арæзтады рæстæджы бахъыгдард бæлæстæ", - банысан кодтой министрады.

Æндæр у йæ хъуыды нæ республикæйы сæйраг дендролог Къæбулты Зауырæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, уынгаразджытæ цалынмæ бæлас ракалой, уæдмæ хъуамæ бар райсой специалистæй, уый сахуыр кæндзæнис бæласы уидаг, бæлвырд базондзæнис бæлас æцæгдæр бахъыгдард æви ма йæ ис аирвæзынгæнæн.

Дерево упало на машину - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бæлас æрхауд урæд машинæйыл

"Йæ рæстæджы Мæскуыйы уынгыл цы рагон бæлæстæ ис, уыдон дæр мах фæрцы аирвæзтысты. Кусджытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцондæр у быгъдæг ран кусын, уымæ гæсгæ сæ фæфæнды бынтондæр рафæлдахын бæлæсты. Æцæг тæссаг уавæр цы бæлæстæ æвзарын кодтой, уыдон сын нæхæдæг ракалын кодтам. Фæлæ, бæласæн тас вæййы, йæ сæйраг уидаг куы бахъыгдард вæййы, æрмæстдæр уæд. Хъыгдард куы уа, уæддæр 10 азæй фылдæр фæцæры. Бахъыгдард бæласы бынаты та хуыздæр у талатæ ныссадзын", - радзырдта специалист.

Къæбулты Зауыр ма æрдзырдта - Октябры уынджы тыххæй. Уый нымад цæуы Цхинвалы рæсугъддæр уынгтæй иуыл. 1,7 километр дæргъæн уынгæн йæ астæу арæзт æрцыд парчы зонæ. Дæргъæй-дæргъмæ йыл зайы сæдæйæ фылдæр гималайаг кедры, сусхъæды æмæ тæгæр бæлæстæ. Абон уыдон сты хæрзарæзт уынджы фидауц. Уынг куы арæзтой, уæд уыдон ракалыныл дæр цыд дзырд.

© Sputnik / Руслан ТадтаевБæлас рафæлдæхт машинæйыл
Уынгты хæрзарæзт VS бæлæсты куынæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бæлас рафæлдæхт машинæйыл

Уынджы цæрджытæ дæр фæдих сты дыууæ къордыл, иутæ домдтой, зæгъгæ, коммуникацитæ ивыны рæстæджы бæлæстæ хъыгдард æрцыдысты æмæ дам бар-æнæбары дæр бахус уыдзысты. Цæрджыты иннæ къорд та уыд кедртæ ракалыны ныхмæ.

"Аразджытæ тæссагыл цы бæлас банымадтой, уый ракалдтой, фæлæ йæ бындзæфхад бынтондæр низджын нæ уыд æмæ йын рафæлдæхынæй дæр тас нæ уыд. Мах уынджы цæрджытæ дæр уæд сæ позици куыннæ равдыстаиккой, уæд нæ кæртытæ абон уаиккой быгъдæг", - зæгъы Октябры уынджы цæрæг.

Къæбулты Зауыр æрсидт, цæмæй цы уынгтæ аразынц, уыдон цæрджытæ-иу бахатой аразджытæм, æмæ сын сæ бæлæстæ ма лыг кæной, гæнæн уæвгæйæ арæхстджынæй архайой бæлæсты алфæмблай, кæд сын зын у, уæддæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0