Сырх биоблок: бынæттон арæзтадон æрмæг "суры" æрласгæйы

© Sputnik / Наталья АйриянХеиты хъæумæ хæстæг блокы завод "Биоблок"
Хеиты хъæумæ хæстæг блокы завод Биоблок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Завод "Биоблок" бон уадзы 3 мин блокы, йе 'рмæгæй самадтой ХИПУ, Зæрæдты хæдзар, хисæрмагонд хæдзæрттæ, Дзауы та дзы арæзт цæуы спортивон зал

ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Хеиты хъæумæ хæстæг блокы завод "Биоблок"-ы продукци цадæггай хизы базарады фыццаг позицитæм. Бынæттон хомæгæй блокæн йæ аргъ у къаддæр, уымӕй дарддӕр ма тæссаг нӕу радиацийæ.

Фæстаг æзты Цхинвалы скæсæн–цæгатаг хайы, Леуахийы былгæрæтты сырæзт хицæн амалиуæгадтæ – сæ нысан у арæзтадон æрмæджы рауагъдад.

© Sputnik / Наталья АйриянХеиты хъæумæ хæстæг блокы завод "Биоблок"
 Сырх биоблок: бынæттон арæзтадон æрмæг суры æрласгæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хеиты хъæумæ хæстæг блокы завод "Биоблок"

Ам хæсты фæстæ сæ амалиуæгад сфæнд кодтой саразын Пухаты Руслан, Хъотайты Ацæмæз æмæ Плиты Барсæг, фæлæ завод продукци уадзын райдыдта æрмæст æртæ азы размæ. Амалиуæггæнджытæ кусынц советон дуджы уагъд æмæ хиаразгæ ифтонгадыл, фæлæ, уымæ æнæкæсгæйæ, блок цæуы хæрзгъæд, æлхæнджытæ заводы къæсæрæй скъæфынц арæзтадон æрмæг.

"Ӕлхæнджытæн кæрон дæр нæй. Нæ блоктæ нын суанг умæлæй дæр ласынц. Мах цы арæзтадон æрмæг уадзæм, уый аргъæй у æрласгæтæй къаддæр æмæ гъæдæй та у хуыздæр, уый хъахъхъæны хъармдзинад", - загъта заводы бындурӕвӕрджытӕй иу Пухаты Руслан.

Æнгæс заводтæ, кæцытæ уадзынц блок, Хуссар Иры ис фондзы бæрц, уыдоны продукци цадæггай æрласгæты "фæсырдтой".

"Республикон стадионмæ хæстæг иу лæууыд стыр машинæтæ, кæцытæ уæй кодтой кирпич, ныр уым нал зынынц. Ӕз афтæ хъуыды кæнын, æмæ сæ нал æлхæнынц. Æрласгæ кирпичæй мæ зонгæтæ пайда кодтой æмæ рабæрæг кодтой, сӕ радиацион фон нормæйæ зынгæ фылдæр кæй у", - дзуры заводы бардарджытæй иннӕ Плиты Барсæг.

© Sputnik / Наталья АйриянХеиты хъæумæ хæстæг блокы завод "Биоблок"
 Сырх биоблок: бынæттон арæзтадон æрмæг суры æрласгæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хеиты хъæумæ хæстæг блокы завод "Биоблок"

Блокты заводы æрмæгæй архайдтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты, Зæрæдты хæдзар "Забота"-йы æмæ хисæрмагонд хæдзæртты арæзтады, ныридæгæн дзы ифтонг кæнынц Дзауы районы арæзтæдтæ.

"Дзауы районы арæзтцæуæг спортивон зал æмæ хисæрмагонд фадыджы арæзтады дæр пайда кæнынц нæ уадзгæ продукцийæ", - дзуры Плиты Барсæг.

Ирыхъæуы сæрмæ фæндагмæ бæрæгæй зынынц сырх змисы карьертæ, уымæй пайда кодтой советон дуджы рауагъдадты дæр. Ацы карьертæй хомæг ласы завод "Биоблок" дæр. Фæстæдæр амалиуæгад фæнд кæны рауæрæх кæнын уадзгæ продукцийы ассортимент.

"Нæ кредит фыст фæуд кæнæм. Нæ фæнды ис ног кредит райсын æмæ рауæрæх кæнын нæ рауагъдад. Хъæуы нæ 3 милуан сомы, цæмæй балхæнæм техникæ æмæ ифтонгад. Нæ рауагъдады ассортиментмæ бафтдзæн кирпич, тротуарон плиткæ, стæй ма фæхуыздæр уыдзæн сæ гъæд дæр", - балхынцъ кодта Плиты Барсæг.

Гом арвы бын уæвæг завод "Биоблок" ныридæгæн уадзы 3 мин блокы бон. Рауагъдады фæллой кæны 6 кусæджы æмæ йæ бындурæвæрджытæ.

© Sputnik / Наталья АйриянХеиты хъæумæ хæстæг блокы завод
 Сырх биоблок: бынæттон арæзтадон æрмæг суры æрласгæйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хеиты хъæумæ хæстæг блокы завод
Ног хабӕртты лентӕ
0