Намыс æмæ фыдæлты фарныл æнцойгæнгæйæ: Дудайты Альберт – Бихъаргомы хæрзгæнæг

© Дриаты Лейлайы архивДудайты Альберт
Дудайты Альберт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йæ азты сæрты акæсгæйæ юбиляр зæгъы, зæгъгæ, иууыл стырдæр хæрзиуæг царды у бинонты амонд, уый фæстæ та дæ адæмы ‘хсæн фæрнæй цæрын

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik, Дриаты Лейла. Адæмæн лæггад кæнын цардамондыл чи нымайы, мыггаджы ‘хсæн дæр   цытджын æмæ кадджы лæг чи у, семæ цæрын ахсджиаг кæмæн у, раст уыдонæй сæ иу у Дудайты Альберт. Ууыл 20-æм ноябры сæххæст  65 азы. Амондджын лæг у Дудайты Альберт. Йæ кадджын юбилейыл æмбæлы рухс зæрдæимæ йæ фæрнджын бинонтимæ, хиуæттимæ, йæ бирæ хæлæрттимæ. Нырма дæр цардхъом, хъæлдзæг, уæнгрог, æнæниз! Йæ азты сæрты акæсгæйæ зæгъы, зæгъгæ, сæйрагдæрыл нымайын æмæ иууыл стырдæр хæрзиуæг царды у бинонты амонд, уый фæстæ та дæ адæмы ‘хсæн фæрнæй цæрын. Уыдæттæй се ‘ппæтæй дæр æххæст у юбиляр!

Дудайты Альберт йæ сабион бонтæ арвыста Цхинвалы районы Бихъары хъæуы. Куыд зæнæджы хистæр, афтæ æххуыс кодта йæ фыдæн, фæлæ куыстыты уæлхъус æдзух уæвгæйæ, хъуыды кодта йæ ахуырыл дæр. Хорз æмбæрста, царды ахуырæн цы нысаниуæг ис æмæ сæ хъæуы цы астазон скъола уыд, уый каст куы фæцис, уæд рацыд Цхинвалмæ, уым адарддæр кодта йæ ахуыр скъола-интернаты. Альберт хорз арæхст зарынмæ, хайад иста хæдархайгæ аивадон къорды, кæцыйæн разамынд кодта Дзадтиаты Анисим.

© Дриаты Лейлайы архивДудайты Альберт
Намыс æмæ фыдæлты фарныл æнцойгæнгæйæ: Дудайты Альберт – Бихъаргомы хæрзгæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Альберт

Альбертæн æппыныдзух йæ зæрдæ дзырдта хъæууон цардимæ, æмæ астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны хъæууон профессионалон-техникумон ахуыргӕнæндоны. Каст æй фæцис æнтыстджынӕй, райста бухгалтеры дæсныйад. Уалынмæ æрцыд Райгуырæн бæстæйы раз йе ‘мбæстагон хæс фидыны рæстæг дæр. Службæ кодта Германы зæххыл.

Йæ службæйы рæстæг куы фæцис, уæд кусын райдыдта Громы совхозы бухгалтерæй. Уымӕй фӕстӕмӕ Альберт райвта бирæ бӕрнон бынӕттӕ. Уæлдæр партион ахуырад райсыны фæстæ йын бирæ куысты бынæттæ лæвæрдтой горæты, фæлæ, уæддæр уый фæстæмæ кусынмæ ацыд йæхи коммæ. Бихъары хъæууæххæсткомы сæрдарæй фæкуыста 13 азы.

Къоста Коштэ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къостайы цард хъæуы: хуссарирыстойнаг политик æмæ журналисты бархи "ахæст"

Уыцы азты Бихъаргомы цæрджытæ æппындæр ницы цух уыдысты, цыдæриддæр сæм æмбæлд областæй, алцæмæй дæр дзы уыдысты хайджын. Арæх-иу фехæлдысты Медзыдайы цæугæдоны сæрты цы хидтæ уыд, уыдон. Æмæ иууыл тынгдæр ацы комы адæм уымæй тыхстысты. Ацы цæугæдæтты сæрты арæзт æрцыд æфсæйнаг-бетонон хид, кæцыйæн йæ дæргъ уыд 35 метры. Æмæ канд уый нæ, фӕлӕ иумæйагæй сисгæйæ, ацы комы адæмæн Дудайты Альберты фæрцы сæ царды уавæртæ кодтой хуыздæр. Альберты фæрцы ма аскъуыддзаг Бихъарæй иууыл дæрддагдæр хъæу Ардисмæ фæндаг саразыны фарст дæр. Арæзт æрцыд проект æмæ сметæ дæр, фæлæ уалынмæ райдыдта гуырдзиаг-ирон хæстæ æмæ фæндаг æрдæгарæзтæй баззад.

1991 азы Дудайты Альбертмæ кусынмæ фæдзырдтой районы администрацимæ. 2010 азæй нырмæ та кусы Цхинвалы районы посты хайады хистæрæй. Кæмфæнды ма куса Дудайты Альберт, алыран йæ хæстæ æххæст кæны намысджынæй, архайы алы адæймагæн дæр йæ уавæр фæрог кæныныл. Ууыл дзурæг сты, хицауадæй цы бирæнымæц хорзæхтæ райста, уыцы грамотæтæ æмæ майдантæ: РХИ-йы Кады грамотæ, Социалон хъахъхъæднынады сгуыхт кусæг, РХИ-йы КП Кады грамотæ, РХИ-йыл 25 азы сæххæсты майдан, Æппæтирон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы кады  грамотæ æмæ ноджы æндæртæ. Æвзæрст цыд, куыд хъæууон афтæ районон советмæ депутатæй.

© Дриаты Лейлайы архивДудайты Альберт йæ бинойнагимæ
Намыс æмæ фыдæлты фарныл æнцойгæнгæйæ: Дудайты Альберт – Бихъаргомы хæрзгæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Альберт йæ бинойнагимæ

Дудайты Альберт кæмфæнды ма куса, уæддæр уыцы-иу рæстæджы фæкæны æхсæнадон архайд дæр. Уый къорд азты размæ æвзæрст æрцыд Æппæтирон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхасы" Цхинвалы организацийы сæрдарæй, уыимæ ма у йӕ Советы уæнг дæр.

Хæдзары хистæр куы бæзза, кæстæртæ сæ чысылæй фæстæмæ мад æмæ фыды хæрзæгъдаудзинад æмæ фæллойгæнгæ куы уыной, уæд уыдон дæр хистæрты фарн рахæссынц. Альберт йæ уæздан цардæмбал Куыдзеты Зояимæ цы æртæ хъæбулы схъомыл кодта, уыдон сты цæвиттойнаг. Цæхх, кæрдзын рæдауæй дæттын цардамондыл нымайынц сæ кадджын ныййарджытау. Адæмимæ уарзонæй цæрын, уды фарн ма фесафын - уый сын фæдзæхсы Альберт, канд сывæллæттæн нæ, фæлæ ма йын цы 8 хъæбулы хъæбул ис, уыдонæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0