Миллионер интернатæй

© Sputnik / Наталья АйриянГерсан
Герсан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джыгкайты Герсан ис хицауады æвджид раздæры зæрæтты хæдзары, лæппуйы æнахуыр хъысмæтыл, уæззау царды тыххæй Sputnik радзырдтой йæ хъомылгæнджытæ

ЦХИНВАЛ, 3 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион къласы рауагъдон цыппар мæйы иппæрды фæстæ фембæлд, бирæ æзты дæргъы йæ цы коллектив фæхъомыл кодта, уыимæ. Джыгкайты Герсанæн скъолайы хъомылгæнджытæ баивтой йæ ныййарджыты, уагдон та 17 азы дæргъы ссис йæ хæдзар. Лæппуйы хъысмæт æрымысгæ сюжетæй у карздæр.

Мысы йæ "бинонты"

Хуссар Иры зæрæтты хæдзар 2019 азы уалдзæджы  рацарæзтой Хуссар Иры медико-социалон центрмæ, ног статусимæ объект райста ног бæстыхай дæр. Иунæг æмæ низæфхæрд адæмы ног хæдзар æрбынат кодта столицæйы цæгатфарс микрорайонтæм хæстæг. Сæрды 19-аздзыд Джыгкайты Герсан дæр ссис йæ цæрæг. Лæппу фæстæ кæны йæ размæцыды, иунæгæй цæрæн ын нæй, зæрдæдзургæ хиуæттæ дæр ын нæ разынд.

© Sputnik / Наталья АйриянГерсан
Миллионер интернатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Герсан

"19 азы йыл сæххæст ис æмæ йын интернаты цæрыны бар нал уыд. Бынтон сидзæртæн хицауад хъуамæ радта фатер, фæлæ Герсанæн иунæгæй цæрæн нæй. Медико-социалон центр нæ уавæры бацыд æмæ лæппуйы айстой сæхимæ", - загъта скъолайы директор Тедеты Роланд.

© Sputnik / Наталья АйриянГерсан
Миллионер интернатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Герсан

Директоры сцыдмæ лæппу цæттæйæ уынджы рауай-бауай кодта, йæхицæн бынат нал уардта. Чысыл фæстæдæр уый ацыд интернатмæ, æгас ахуырадон уагдоны коллектив æмæ йæ ахуырдзаутæ иууылдæр ракалдысты Герсикы уынынмæ, сылгоймæгтæ сæ цæссыг нал урæдтой.

"Мысы хъомылгæнджыты, рагæй йæ фæнды æмæ йæ абон ракодтон, цæмæй фена йæ "бинонты", - бафтыдта директор.

Фыдбылызтæ æмæ Хъахъхъæнæг Зæд

Ӕнахуыр цардвæндагимæ лæппуйы иутæ хонынц амондджын стъалыйы бын гуырд, аннæтæ уырнын кæнынц, йæ цард йемыдзаг кæй у бæллæхтæй. Ӕцæг дæр рынчын лæппуйы царды æмдзу кæнынц фыдбылызтæ æмæ амонд – дыууæаздзыдæй йыл æнахъомты фæдыл инспекци бамбæлд 2000-æм æзты райдайæны. Нозтуарзаг сылгоймаг сабийы дардта къоппы, æнæркаст дыууæаздзыд сывæллон уыд дыууæ килограммы.

© Sputnik / Наталья АйриянГерсан
Миллионер интернатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Герсан

"Лæппуйæн йæ бон нæ уыд вертикалон хуызы слæууын. Цавæрдæр вагоны цард йæ мад, сывæллон та уыд æнæркаст", - загъта директор.

Ӕнамонд сывæллоны нырма сæндидзын кодтой рынчындоны, стæй йæ йе ʻвджид райста скъола-интернат. Зын зæгъæн у, йæ царды райдианы зындзинæдтæ бафтыдтой лæппуйыл низтæ æви сæ гуырцæй рахаста, фæлæ сæ ахъаззаг фæхайджын. Уæззау зæрдæйы низ лæппуйæн йæ цард дыууæйыл куы кодта, уæд йæ амондæн фæзынд Уæрæсейы вице-премьер Татьяна Голиковайы сæрмагонд нывæзт, йæ фæлгæтты акодтой хос кæнынмæ Герсаны.

"Уыд ын зæрдæйы дыууæварсон порок, улæфт–иу ын нал фаг кодта, ныххаудта-иу сынтæгыл дæлгоммæ æмæ иу ныссау ис. Йæ амондæн уæд фæзынд ацы программæ æмæ йын сарæзтой вазыгджын операци", - мысы Тедеты Роланд.

Лæппуйы операцимæ акодта интернаты хъомылгæнæг Дзанайты Заира. Уый бæрны уыд разыдзинады гæххæттытæ сфидар кæнын дæр.

© Sputnik / Наталья АйриянДжыгкайты Герсан
Миллионер интернатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джыгкайты Герсан

"Операци уыд дыууæйыл – лæппу фервæздзæн, науæд нæ. Дохтыр уыд гуырдзиаг. Мæн хъуыд бафыссын разыдзинады гæххæттытæ. Уæд Хуссар Иры тæккæ фæцис хæст. Ахъуыды кодтон, уæд та лæппу операцийæ нал рахызт, уæд Ирыстонмæ фæстæмæ куыд æрыздæхон? Гуырдзиаг дохтырыл æй нæ баууæндыдтæн. Ныллæхстæ сын кодтон æмæ мæ уавæры бацыдысты - æндæр дохтырмæ нæ ракодтой. Уыцы бон фондз рынчын сывæллонæй иу дæр нæ рахызт операцийæ. Герсанæн та цалдæр боны фæстæ æнтыстджынæй сарæзтой операци", - радзырдта Дзанайты Заира.

Ныййарæгимæ бастдзинад

Джыгкайты Герсанæн йæ мад амард цалдæр азы размæ, фæлæ лæппу нырма дæр нæ зоны, йæ иунæг æввахс адæймаг дæр æй адунейыл иунæгæй кæй ныууагъта. Кæд дзы лæггад ницы зыдта саби, уæддæр æм алыхатт дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст. Интернаты кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уагдон-иу гуманитарон æххуыс куы райста, уæд-иу фыццаг рады лæппу агуырдта йæ мадæн рæсугъд дарæс.

© Sputnik / Наталья АйриянГерсан
Миллионер интернатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Герсан

"Мæгуыр, йæхæдæг та дзы цы зыдта, фæлæ-иу иууыл Ангейы (Ангелина хуынд йæ мад) агуырдта. Каталогы иу заказ кодта ахорæнтæ, æххуыс-иу куы рбацыд, уæд та дарæс æвзæрста Ангейæн. Ныр дæр æй уый æнхъæлы сæрæгас", - зæгъы интернаты кусæг Плиты Мæдинæ.

Интернаты иууыл хъæзныг рауагъдон

Дæргъвæтин æзты лæппуйæн цы æххуыс лæвæрд цыд, уыдон сты йæ хыгъдыл. Зæгъæн ис, лæппу у миллионер.

"Йæ хыгъдыл ис 800 мин сомæй фылдæр, йæ пенси дæр цæуы уырдæм. Бавналыны бар сæм никæмæн ис", - загъта Тедеты Роланд.

© Sputnik / Наталья АйриянДжыгкайты Герсан
Миллионер интернатæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джыгкайты Герсан

Лæппуйæн ныр та йæ цард цæуы медико-социалон центры, цыбыр æмгъуыдмæ ам дæр персонал бауарзтой Герсикы.

"22 июлы йæ райстам скъола-интернаты коррекцион къласы фæуды фæстæ, куыд инвалид сабибонтæй, афтæ. Хорз каст æм ис, дыууæбынатон хатæны цæры йæхицæй чысыл хистæр нæлгоймагимæ. Акæнæм æй горæтмæ, исты йæ куы хъæуы, уæд. Йæ пенсимæ дæр ын не ʻвналæм, кæд уагæвæрдмæ гæсгæ нæ бон у йæ 70% бæрц исын, уæддæр ", - загъта уагдоны хистæр Теблойты Чермен.

Уæззау фæндæгтыл рацыд Герсан, кæд нырма бынтон æвзонг у, уæддæр. Хъысмæт æй цымæ иу къухæй лæгъзытæ кодта, иннæмæй та цæвгæ, фæлæ уæддæр лæппуйы зæрдæ нæ фæхъæбæр, у уарзæгой æмæ хъæлдзæг. Ныр та ма æнхъæлмæ кæсы йæ радон бæлиццы сæххæстмæ - хъæуы йæ машинæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0