Аззайдзыстæм æнæ Леуахи: заводтæ æмæ адæм куыд "лæггад" кæнынц цæугæдонæн

© Sputnik / Natalia AiriyanЛеуахи
Леуахи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Донбылгæрæтты цæгъдынц хъæдтæ, калынц дзы бырон, иу æм кæнынц канализацийы хæтæлтæ. Экологтæ фæдзæхсын, ахæм ахастимæ Цхинвал тагъд кæй аззайдзæн æнæ Леуахийæ

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры сæйраг доны артери - Леуахийы уавæр бонæй бонмæ æвзæрдæр кæны. Дон-дон цæгъдынц хъæдтæ, калынц дзы бырон, иу æм кæнынц канализацийы дæттæ, æнæвгъауæй дзы ласынц хуыр. Экологтæ фæдзæхсын, ахæм ахастимæ Цхинвал тагъд кæй аззайдзæн æнæ Леуахийæ.

Фæзынд экологон организаци

Ивгъуыд азы кæрон Хуссар Ирыстоны активистты къорд срæвдз кодта æхсæнадон организаци "Аланты цъæх бæстæ"-йы куыст, йæ уæнгтæ социалон хызæгтæ æмæ ДИФ-ы æххуысæй адæмы размæ рахæссынц æрдзмæ уæлæнгай ахсты фæстиуджытæ. Сæ хъусдарды бын æрæджы та уыд Леуахи, кæцы цæсты бахауд æнахуыр фынк æмæ æвзæр тæфæй.

Раздæры Леуахи нал у

"Аланты цъæх бæстæ"-йы хистæры ныхæстæм гæсгæ, сæйраг цæугæ донæн зынгæ фæкъаддæр ис йæ гуырахст.

"Леуахийы донвæды цы цæуы, уый мæ тынг тыхсын кæны. Ис донбылгæрон хъахъхъæдцæугæ зонæ, цы ран ма хъуамæ уа асфальтон завод æмæ дробилкæтæ. Фæлæ махмæ сты. Уыдонæй иуы цур цæугæдон афтæ ныггыццыл æмæ дзы цырыхъхъыты ахиздзынæ, дæ къæхтæ не ʻсхуылыдз кæндзынæ, афтæмæй", - загъта организацийы хистæр Габайты Зæлинæ.

Цхинвалы сæйраг цæугæдоны проблемæтæ сты Ӕрдзон ресурсты комитеты хъусдарды бын дæр. Уыдон æрæджы бамбал сты, Леуахимæ сымаг æмæ фынк дон куы цыд, уыцы проблемæ иртасынмæ.

Ӕнахуыр фынк æмæ æвзæр тæф: экологтæ фæдис кæнынц Леуахийы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнахуыр фынк æмæ æвзæр тæф: экологтæ фæдис кæнынц Леуахийы тыххæй

"Ӕнусон цырты цур цыд уыцы дон. Горæты разамынадæн дæр загътам проблемæйы тыххæй, ныридæгæн иуварс æрцыд, фæлæ кæцæй цыд, уый бæлвырд нæу. Æвæццæгæн æм канализаци баиу кодтой, фæлæ æгæр фынк кодта, цыдæр химикат дзы ауагътой. Уый тынг зиан у нæ экологийæн. Уавæрмæ нæ цæст дарæм", - загъта комитеты сæргълæууæг Бестауты Бала.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, дон афтæ куы чъизи кæной, уæд дзы тагъд кæсаг дæр нал уыдзæн.

Баззайдзыстæм æнæ цæугæдонæй

Экологты хъуыдымæ гæсгæ, сывæзæргæ уавæрты тæссаг у горæт бынтон æнæ цæугæ донæй кæй баззайдзæн.

"Мах цæрæм Кавказы, цы ран ис бирæ лæгæттæ æмæ дон гæнæн ис æмæ зæххы бынты ссара йæхицæн карстон фæндаг, Цхинвал та бынтондæр баззайдзæн æнæ Леуахийæ. Уæд ацы бынат уыдзæн æнæуд тыгъдад", - загъта Габаты Зæлинæ.

Эколог ма радзырдта, фынк æмæ сымаг хæссæг хæтæл куы ссардтой, уæд ма йæ ныхмæ цæсты бахауд Хеиты уæвæг завод дæр.

"Уыдон дæр къахынц хуыр æмæ дзы бирæ ницыуал баззад. Уыцы цаутæ рæстæгыл куыннæ æруромæм, уæд нын нал уыдзæн дидинкалгæ къуым æмæ бæлæстæ. Ӕнæ уый дæр цъититæ тайынц, дон ныггыццыл, раздæр та Леуахи хаста галтæ", - бафтыдта уый.

Завод, дробилкæ æмæ канализацийыл проблемæтæ нæ фæуд кæнынц, фæлæ ма уымæй дарддæр цæрджытæ дæр ардæм ласынц алыхуызон бырон.

"Донмæ ласынц бырон, арæзтадон пырхæнтæ. Стæй дзы хуыр исынц æмæ йæ змæнтынц. Нæ бон куыд у афтæ архайæм. Цъус сæ басастам. Дзауы цы дробилкæ ис, уымæн дæр æндæр зæххы фадыг радтой æмæ донвæдмæ нал æвналдзысты.  Хъуамæ фæхуыздæр уа йæ уавæр", - ныфс æвæры Зæлинæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0